филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

02:36 четверг, 02 мая 2024
19 апреля 2024, 12:38
Национ наукон библиотекæйы арæзт æрцыд Ирыстоны зындгонд литературæиртасæг Мзокты Аслæнбеджы чиныджы презентаци

Автор ыл куыста 5 азы онг

«Ирон аив дзырды дунейы». Национ наукон библиотекæйы арæзт æрцыд Ирыстоны зындгонд литературæиртасæг Мзокты Аслæнбеджы чиныджы презентаци. Автор ыл куыста 5 азы онг. Уацмыс у, мадæлон æвзаг парахат кæнын æмæ йæ хуыздæр кæнын кæй фæнды, уыдонæн æххуысчиныджы хуызы. Чиныг фысгæйæ, Аслæнбег пайда кодта йæхи литературон иртæстытæй. Бахаста йæм культурæйы ирддæр архайджытимæ интервьютæ дæр. Автор ма бакуыста сывæллæттæн уроктæ дæттыныл дæр. Чиныджы тираж у 500 экземпляры. Рауадзын æй бантыст, меценат Дзгойты Хъазыбеджы фæрæзты фæрцы.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania