филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

01:36 воскресенье, 14 декабря 2025
22 июля 2025, 11:44
Национ наукон библиотекæйы ацыд зындгогнд театралон архайæг Цæлыккаты Мæирбеджы мысæн изæр

Мадзал баст уыди Тæбæхсæуты Балойы номыл ирон академион театры 90 азы бонимæ

Национ наукон библиотекæйы ацыд зындгогнд театралон архайæг, актер, режиссер, драматург, тæлмацгæнæг, Уæрæсейы сгуыхт æмæ Цæгат Ирыстоны адæмон артист Цæлыккаты Мæирбеджы мысæн изæр. Мадзал баст уыди Тæбæхсæуты Балойы номыл ирон академион театры 90 азы бонимæ. Цæлыккаты Мæирбеджы сфæлдыстад кæдфæндыдæр бæрæг дардта йæ алывæрсыг курдиатæй. Йæ цард сбаста актеры дæсныйады рæзты алы методтæ агурынимæ. Курдиатджын режиссер стыр æвæрæн бахаста Цæгат Ирыстоны театралон аивадмæ. Цæлыккаты Мæирбег каст фæци театралон аивады паддзахадон институт, Мæскуыйы. Бæстæйы сæйраг горæты баззайыны гæнæнтæ йын бирæ уыди. Фæлæ уый равзæрста йæ райгуырæн Ирыстонмæ æрыздæхын. Ирд удыхъæд æмæ æддаг бакасты адæймаг, иттæг хорз арæхсти монологы аивадмæ, æмæ æрмæст уымæ нæ. Театры сценæйы снывæзта 150 фæлгонцæй фылдæр. Бирæтæ сæ адæмæн систы уарзон. Цæлыккаты Мæирбеджы номарæн изæрмæ æрбацыдысы, йе сфæлдыстадæн ын аргъ чи кодта, уыдон. Алкæмæ дæр дзы разынд йæхи мысинæгтæ.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania