Экспозицимæ хаст æрцыдысты æрыгон нывгæнджыты 100 куысты онг
Национ наукон библиотекæйы байгом Сабанты Ирбеджы, Быдтаты Фатимæйы æмæ Фергана Наврузовайы куыстыты иумæйаг равдыст «Мимолетности». Экспозицимæ хаст æрцыдысты æрыгон нывгæнджыты 100 куысты онг. Ам фенæн ис алыхуызон дыргътимæ натюрморттæ, стæй сылгоймæгты портреттæ æмæ пейзажтæ. Сабанты Ирбеджы нывты куыд сылгоймæгты портреттæ, афтæ алы цæрæгойтимæ æмæ мæргътимæ пейзажтæ, натюрморттæ. Нывгæнæг пайда кæны ирд ахорæнтæй – цъæх, сырх, бур æмæ урс. Уыдоны фæрцы йæ куыстытæ бæрæг дарынц сæ хъæздыг мидисæй. Уæдæ авторы æрмдзæф дæр æнæбафиппайæн нæй. Быдтаты Фатимæ та кусы декоративон стилы. Уымæ гæсгæ ахорæнты хуызтæ арф æнкъары. Йе сфæлдыстады стыр бынат ахсы натюрморт. Уæдæ Фергана Наврузовайы сфæлдыстады та уæлдай бынат ахсы портреты жанр. Сылгоймаджы сурæты уылты автор архайы йæ миддуне равдисыныл. Ацы равдыст саразæг нывгæнджытæ се ппæт дæр сты Хетæгкаты Къостайы номыл Цæгат Ирыстоны паддзахадон университеты аивæдты факультеты рауагъдонтæ, нывкæнынады ирыстойнаг скъолайы хъомылгæнинæгтæ. Уыцы скъола та хицæн кæны европæйаг пластикæйæ æмæ национ колоритæй.