филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

02:24 среда, 17 декабря 2025
27 марта 2025, 10:59
Национ наукон библиотекæйы дарддæр æххæст кæнынц проект «Современник»

Уый у, сæрмагонд мадзæлтты цикл, алкæцыдæр дзы баст у хицæн адæймагимæ

Национ наукон библиотекæйы дарддæр æххæст кæнынц проект «Современник». Уый у, сæрмагонд мадзæлтты цикл, алкæцыдæр дзы баст у хицæн адæймагимæ. Проекты хъайтартæ – ирд æмæ сфæлдыстадон адæм. Уыимæ, æрмæст курдиатджын нæ, фæлæ ма царды фидар æууæлтыл хæст дæр. Аныхас кæнынц сæ аудиториимæ, раргом кæнынц сæ фæлтæрддзинад æмæ сæ философи. Ацы хатт уазджытæн фембæлд уыди  ПТРК- «Алани»-йы ирддæр минæвæрттæй иу – Хъуылаты Земфирæимæ. Телеуынынадмæ кæсджыты уарзон диктор радзырдта йе сфæлдыстадон фæндаджы æмæ йæ царды сæйраг фæткы тыххæй. Проектæн бындур æвæрд æрцыди 3 азы размæ. «Современник»-ы хъайтартæ систы Дзбойты Михал, Уалыты Гиви, Баскаты Уырызмæг, Дауыраты Эдуард æмæ бирæ æндæр цымыдисаг адæм.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania