16 ноября 2023, 11:35
Национ наукон библиотекæйы уыд æнæнхъæлæджы уавæрты æвæстиат æххуысыл ахуыр кæныны практикон программæ
5 сахаты дæргъы ахуыртæ арæзтой ирвæзынгæнджыты æппæтуæрæсеон студентон корпусы инструктортæ
«Сывæллæттæн фыццаг æххуысы скъола». Национ наукон библиотекæйы уыд æнæнхъæлæджы уавæрты æвæстиат æххуысыл ахуыр кæныны практикон программæ. Архайдтой дзы кæй фæндыд, уыдон. 5 сахаты дæргъы ахуыртæ арæзтой ирвæзынгæнджыты æппæтуæрæсеон студентон корпусы инструктортæ. Архайджытæ сæрмагонд тренажертыл бакуыстой зæрдæйы æмæ рæуджыты реанимацийы техникæйыл. Иу боны курсы равзæрстой, фыццаг медицинон æххуыс кæнын куы фæхъæуы, æппæт уыцы æнæнхъæлæджы уавæртæ. Мадзал бацæттæ кодта æнæкоммерцион организаци «Мария мама». Фыццаг медицинон æххуыс кæныны ахуырты архайд уыд лæвар.
темæмæ гæсгæ




