филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

17:58 суббота, 31 января 2026
25 декабря 2025, 14:23
Национ наукон библиотекæйы уыд Ирон театры ирддæр актертæй иу Цæрукъаты Алыксандры мысæн изæр

Мадзал баст у Цæгат Ирыстоны паддзахадон академион театры 90 азы юбилеимæ

Сфæлдыстадон проект «Стыр театры стыр актертæ» æххæстгæнгæйæ, национ наукон библиотекæйы уыд Уæрæсейы сгуыхт артист, Ирон театры ирддæр актертæй иу Цæрукъаты Алыксандры мысæн изæр. «Король Лир» -ы Глостер, Плиты Грисы драмæйы Чермен… Цы сурæттæ сарæзта, уыдон ын æвдисынц йæ арф æмæ æгæрон курдиат. Цæрукъаты Алыксандры æрымысынмæ æрбацыдысты йе мкусджытæ, студенттæ, стæй, аивадуарзджытæ. Изæр саразджытæ бацæттæ кодтой архивон кадртæ, артисты театралон куыстытæ, дзырдтой йын йæ цард æмæ сфæлдыстады тыххæй. Фембæлды архайджытæ фæнысан кодтой сфæлдыстадон проекты ахадындзинад. Ахсджиаг у, цæмæй рæзгæ фæлтæр зоной æмæ хъуыды кæной Цæгат Ирыстоны театралон аивады бындурæвæрджыты нæмттæ. Мадзал баст у Цæгат Ирыстоны паддзахадон академион театры 90 азы юбилеимæ.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania