филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

03:29 понедельник, 15 декабря 2025
07 августа 2025, 10:34
Национ парк «Алани»-йы туристон къахвæндæгтæ иртасынц волонтертæ Уæрæсейы алы регионтæй æмæ æрмæст уырдыгæй нæ

Æппæтадæмон фæсивæдон организаци AIESEC  проект «Кавказы код»-ы командæ Цæгат Ирыстонмæ ссыд июлы кæрон

Национ парк «Алани»-йы туристон къахвæндæгтæ иртасынц волонтертæ Уæрæсейы алы регионтæй æмæ æрмæст уырдыгæй нæ. Æппæтадæмон фæсивæдон организаци AIESEC  проект «Кавказы код»-ы командæ Цæгат Ирыстонмæ ссыд июлы кæрон. Ахуыр кæнынц республикæйы фистæгæйцæуæн маршруттæ, анализ кæнынц флорæ æмæ фаунæйæн, зонгæ кæнынц регионимæ. Сæ размæ ма ис экологон нысантæ дæр. Къахвæндæгтæм рацæугæйæ, бæлццæттæ æнæмæнг сæмбырд кæнынц бырæттæ. Волонтертæ республикæйы кусдзысты  2 къуырийы. Бæлвырддæр радзурдзæн Хъайтмазты Дзерассæ.

Балцы ацæуыны размæ бæлвырдгонд цæуынц хæстæ – баххæст кæнынц анкетæ, нысан кæнын экологон къахвæндаджы хицæндзинæдтæ. Национ парчы æхсæрдзæн Галдæридонмæ фæндагыл волонтертæ иртасынц бынæттон флорæ æмæ фаунæ, сæ размæ ма ис экологон хæс. 27 лæппу æмæ чызджы баиу кодта иумæйаг проект æмæ «Кавказы код» раиртасыны фæндон.

Галдæридонмæ маршрут уæззау нæу – фæндаг цæуы хъæды уылты, Йæ дæргъ у 4 километры. Ардыгæй хорз зынынц Дыгургомы рæсугъддзинæдтæ. Анна Смирнова у Санкт-Петербургæй. Ирыстоны хæхтæм фыццаг хатт хизы. Уыд Сочийы æмæ Алтайы бæрзæндты. Куыд зæгъы, афтæмæй хицæн кæнынц.

Алы ахæм балцы дæр волонтерты фарсмæ æнæмæнг сты национ парчы минæвæрттæ. Куысты размæ уазджытæн кæсынц лекцитæ – республикæйы фæдзæхст территорийы историйы, Ирыстоны культурæ æмæ традициты тыххæй.

Проектаразджытæ куыд зæгъынц, афтæмæй балцы кæдæм ацæуой, Кавказы ахæм фæдзæхст территори бирæ рæстæг æвзæрстой. Куыстуат «Фæдзæхст Ирыстон-Алани» хуымæтæджы нæ равзæрстой. Ам кæддæриддæр цæттæ сты æмгуыстад кæнынмæ æмæ æххуыс кæнынц цымыдисаг рухстауæн хъуыдытæ царды уадзын.

2 мин 100 метры бæрзæндыл схызтызты командæйы æппæт волонтертæ, ныфсхастдæр чи уыд, уыдон та ма сæхи цынадтой уазал æхсæрдзæны бын. Разæй ма волонтертæм æнхъæлмæ кæсы цалдæр балцы. Алы ног балцимæ хæстæгдæр кæнынц, æппæт Уæрæсейæ туристты нæ регионмæ чи æлвасы, уыцы «Кавказы код» раргом кæнынмæ.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania