филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

15:12 воскресенье, 19 мая 2024
26 апреля 2022, 12:21
Национ проект æххæст кæнгæйæ, Мызуры цы куыстытæ цæуынц, уыдонæй бынæттон цæрджытæ бынтон разы не сты

Национ проект «Царды уавæртæ хуыздæр кæныны» фæлгæты Цæгат Ирыстоны цæуы æхсæнадон территоритæ саив кæныны онлайн-хъæлæс кæныны процедурæ. 76 объектæй равзардзысты 32. Базилдзысты сæм ацы аз. Мызуры куыстытæ нæма фесты, бынæттон цæрджытæм та ныридæгæн сæвзæрд, æвæстиатæй бакусын кæуыл хъæуы, ахæм фарстатæ. Цавæртæ, уый тыххæй радзурдзæн Касаты Наирæ.

Ацы бынаты ма цалдæр мæйы размæ дæр уыди  заууатмæ чи рцыди, ахæм æнæзылд фæз. Абон æй ныссыгъдæг кодтой æмæ йæ райдыдтой аив кæнын. Мызуры цæрджытæ активонæй архайдтой æхсæнадон территоримæ базилыны тыххæй хъæлæс кæныны процедурæйы. Федералон программæйы фæлгæты дзы сарæзтой сывæллæттæн хъазæн фæз, ныр та архайынц парчы зонæйыл. Куыстытæ дзы цæуынц, фæлæ цæрджытæ сæмбæлдысты къуылымпыдзинæдтыл дæр. Аразджытæ райхæлдтой бынæттон историон объект – фонтан.

Фонтан ныууадзын æмæ йæ среставраци кæнынл цæрджытæ рагæй дзырдтой, фæлæ йын йæ цæттæ проектыл уыдонимæ не рдзырдтой. Сæ къухы ма бафтыд мызуйрæгтæ сæрыстыр цæмæй сты, уыцы объекттæй иу бахъахъхъæнын – шахтерты цыртдзæвæн.

Адæмон фронты специалисттæ зæгъынц, Мызуры цы ногдзинæдтæ æрцыдысты, уыдон сты карз закъонхæлдтытæ. Æхсæнадон территориты аивгæнæн куыстыты рæстæг хынцын хъæуы цæрджыты фæндонтæ дæр.

Æхсæнадон территориты аивгæнæн куыстытæ конд æрцыдысты æмбæлгæ хуызы. Ныридæгæн дзы сæвæрдтой къахвæндаджы къæйдур, аистой зæронд быру, бауагътой йæм электрон тых. Адæмон фронты специалисттæ ныр та архайдзысты цæмæй цæрджытæ æмæ районы разамынды хсæн диалог уа, ууыл.

Цалынмæ Мызуры арæзтадон куыстытæ кæронмæ хæццæ кæнынц, уæдмæ та аивдзинадыл архайын райдыдтой Суададжы. Районты цæрджытæ сæхæдæг æвзарынц кæцы æхсæнадон территоримæ базилой, уый. Суададжы сæ бафæндыд Культурæйы хæдзары алыварсмæ базилын. Ныссыгъдæг уал дзы кодтой фæзуат æмæ дзы сæвæрдтой быру. Хæстæгдæр бонты дзы сæвæрдзысты бандæттæ, фæзындзæн дзы рухсытæ æмæ аив клумбæтæ.  Куыстытæ фæуыдзысты афæдзы æмгъуыдмæ.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania