филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

00:46 воскресенье, 01 февраля 2026
17 октября 2024, 10:36
Национ проект «Чысыл æмæ астæуккаг амалхъомдзинад»-мæ гæсгæ ацы аз республикæйы 62 аграрон куыстуаты райстой грант «Агростартап»

Йæ иумæйаг бæрц у 132 милуан сомæй фылдæр

Национ проект «Чысыл æмæ астæуккаг амалхъомдзинад»-мæ гæсгæ ацы аз республикæйы 62 аграрон куыстуаты райстой грант «Агростартап». Йæ иумæйаг бæрц у 132 милуан сомæй фылдæр. Уыцы фæрæзтæй балхæдтой зæххы хæйттæ, талатæ, стурвос æмæ сæрмагонд техникæ. Бæлвырддæр хабæрттæ радзурдзæн Хъайтмазты Дзерассæ.

Комбайнтæ æххæст тыхæй кусынц. Горæтгæрон районы сæ тæмæны сты нартхор æфснайыны куыстытæ. Хæдзарадæн Черменыхъæумæ хæстæг ис мин гектары хуымгæнæн зæххытæ. Се мбис ахсы – нартхор. Фермертæ куыд зæгъынц, афтæмæй ацы аз тыллæг къаддæр у. Уый аххосаг у хуррæстæг æмæ их. Иу гектар дæтты 55-60 центнеры нартхор. Ныртæккæ систой 30 процентæй фылдæр. Хурбонтæ куы уа, уæд фæнд кæнынц цы тыллæг ма баззад, уый иннæ къуырийы кæронмæ сæмбырд кæнын.

Горæтгæрон районы ахадгæйæ рæзы фос дарыны къабаз дæр. Паддзахадон грант «Агростартап»-ы фæрцы ацы фермерæн бантыст балхæнын айшираг мыггаджы стурвос æхсыры куыст кæнынæн. Нырма уал хæдзарады ис 12 сæры. Цæрæгойтæ уазалæн сты фæразон, сæ рационмæ та сæрмагонд домæнтæ нæй.Се хсырæн ис бæрзонд хæрзхъæддзинад. Ахæм хомæгæй уайы туаг æхсыры алыхуызон продукттæ.  Горæтгæрон районы хъæууон хæдзарады управленийы хицау Засеты Эрислав куыд зæгъы, афтæмæй районы стурвосы нымæц азæй-азмæ фылдæр кæны.

Ацы аз Цæгат Ирыстоны 62 фермерон хæдзарады райстой грант «Агростартап» национ проект «Чысыл æмæ астæуккаг амалхъомдзинад»-мæ гæсгæ. Йæ иумæйаг бæрц – 132 милуан сомæй фылдæр. Уыцы фæрæзтæй балхæдтой зæххы хæйттæ, талатæ, стурвос æмæ сæрмагонд техникæ. Конкурсы архайдта 105 адæймаджы.

Республикæйы хæдзарадты сараздзысты 80 ног кусæн бынаты онг, фæфылдæр кæндзысты хъæууонхæдзарадон продукцийы бæрц дæр.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania