филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

21:43 суббота, 31 января 2026
06 декабря 2024, 10:34
Национ проекттæ æмæ федералон фæрæзтæ хардз кæныны фарстатыл æрныхас кодтой, Дзанайты Барисы разамындæй æмбырды.

Куыд дзы фехъусын кодтой, афтæмæй кæронмæ æрхæццæ Мамысоны курортмæ цæуæг фæндаджы арæзтад. 14 километры уаццаг арæзт æрцыд, национ проект «Æдас æмæ хæрзхъæд фæндæгты» фæрцы

Национ проекттæ, паддзахадон программæтæ æмæ федералон фæрæзтæ хардз кæныны фарстатыл æрныхас кодтой, Дзанайты Барисы разамындæй æмбырды.

Куыд дзы фехъусын кодтой, афтæмæй кæронмæ æрхæццæ Мамысоны курортмæ цæуæг фæндаджы арæзтад. Дæллаг Зæрæмæгæй комплексы онг 14 километры уаццаг арæзт æрцыд, национ проект «Æдас æмæ хæрзхъæд фæндæгты» фæрцы, – загъта транспорты æмæ фæндаггон инфраструктурæйы Комитеты сæрдар Солиты Тариэль. Сæйраг куыстытæ кæронмæ æрхæццæ сты. Специалисттæ сфидар кодтой фæндаджы былгæрæттæ, сæвæрдтой чысыл хидтæ, быцæугæнæн къултæ. 800 милуан сомы Цæгат Ирыстонæн радих кодтой сæрмагондæй программæ «Æнæниздзинадхъахъхъæнынады фыццаградон къабазы рацарæзтæн» 2024-2025 азтæн. Федералон æххуысы фæрцы ма бантыст ног медицинон кусæнгæрзтæ балхæнын. 2025-æм азы Рахизфарсы районы центрон рынчындонæн балхæндзысты флюорограф. Ныридæгæн уал самал кодтой МРТ æмæ Компьютерон томограф. Хæстæгдæр рæстæг ма Мæздæджы районы фæзындзæн МРТ æмæ рентген-аппараттæ. Премьер-министр се ппæты зæрдыл æрлæууын кодта, афæдзы кæронмæ кæй хъæуы паддзахадон программæты æмæ национ проектты архайæг мадзæлттæ кæронмæ фæуын. Уæлдай æргом Уæрæсейы Президент Владимир Путины æмæ республикæйы Сæргълæууæг Сергей Меняйлойы фæдзæхстытæ æххæст кæнын.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania