Йæ сæйраг нысан уыд студентты, падзахадон куысджыты æмæ экспертон æхсæнады минæвæртты, архайджыты хсæн ахадгæ æмæ пайдайаг ахастдзинæдтæ ныффидар кæнын.
Абон ЦИПУ-йы Юнескæйы залы нæ республикæйы Мыхуыры æмæ дзыллон коммуникациты комитеты æххуысæй æрæзт æрцыд ахсдиаг мадзал «Нациты æхсæн ахастдзинæдты культурæ информацион тыгъдады».
Йæ сæйраг нысан уыд студентты, падзахадон куысджыты æмæ экспертон æхсæнады минæвæртты, архайджыты хсæн ахадгæ æмæ пайдайаг ахастдзинæдтæ ныффидар кæнын. Фембæлды фæлгæты презентаци скодтой презедентты грантты фонды æххуысæй амæ амæй размæйы проектты цы иртæстытæ скодтой, уыдонæн. Йæ сæйраг хæс у, Цæгæт Кавказы федералон зылды нациты хсæн ахастдзинæдтæ нывыл кæнын, стæй ныхмæлæуддзинад ма руадзын. Уæвгæ та мадзæлттæ иууылдæр баст сты регионы цæрджыты иудзинадимæ, æмæ æхсæнадон-политикон уавæр фæхуыздæр кæнынимæ.




