филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

09:59 воскресенье, 01 февраля 2026
05 сентября 2023, 11:56
Не сфæлдыстадон къорд бабæрæг кодта Хохы Карца

Аныхас кодта бынæттон цæрджытимæ, æмæ сын байхъуыста сæ ахсджиагдæр фарстатæм

Хохаг хъæуы цард æнцон никуы уыд. Фæлæ уыимæ æрдзы рæсугъддзинад йæхимæ лвасы алкæйы дæр. Не сфæлдыстадон къорд бабæрæг кодта Хохы Карца. Аныхас кодта бынæттон цæрджытимæ, æмæ сын байхъуыста сæ ахсджиагдæр фарстатæм. Хохы Карцайы æрдзы рæсугъддзинæдтæ фенынмæ адæм цæуынц нæ бæстæйы алы рæттæй. Кæй зæгъын æй хъæуы, се*хсæн ис Ирыстоны цæрджытæ дæр. Уыдон хохрæбынмæ хъæуы  уынгты хуыр фæндагыл ссæуынц æхсæрдзæн фенынмæ. Алы бон дæр ауылты цæуынц дæсгай хæдтулгæтæ. Кæд, мыййаг,  бынæттон цæрджыты истæмæй тыхсын кæнынц, уыцы адæм ууыл хъуыды дæр нæ кæнынц.

Хохаг хъæуы цард домы бирæ хъару æмæ тых. Чи зоны æмæ фыццаг бакастæй æппæт зындзинæдтæ нæ разынынц. Зæгъæн ис, цыма ам æнцонæй цæуынц цæрджытæн сæ хъуыддæгтæ. Фæлæ хæхбæсты цæрынæн ис йæхи хицæндзинæдтæ. Уæлдайдæр та, сугæй  арт кæнын куы хъæуа, уæд.

Раздæр бынæттон цæрджытæ бирæ фос дардтой. Алы хæдзары дæр-иу дæс æмæ ссæдз стуртæ æмæ фыстæй къаддæр нæ уыд. Хъæуы алыварс уыд хизæнтæ. Уыгæрдæнты-иу нæлгоймæгтæ кæрдæг ныккарстой, æмæ-иу мæкъуылтæ рæнхъгай фæрсæй фæрстæм дардмæ аивæй зындысты.

Фæлæ ныр адæмæн уыцы фадат нал ис. Хизæнтæ дзæвгæр фæкуынæг сты.

Иуæй, Хохы Карцайы æрдзы хъæздыгдзинад æмæ сыгъдæг уæлдæф æхсызгондзинад хæссынц адæмæн. Иннæмæй та, хъæуы ис лыггæнинаг фарстатæ. Бынæттон цæрджытæ æууæндынц, хъусдард сæм кæй æрцæудзæн, сæ фæрстытæн дзуаппытæ кæй райсдзысты, ууыл. Сæ уавæртæ куы фæхуыздæр уой, уæд та сæ цард дæр зынгæ фæрогдæр уыдзæн!

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania