филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

09:17 четверг, 02 апреля 2026
11 июля 2016, 12:27
Нептуны бон сбæрæг кодтой сидзæр сывæллæтты хæдзар «Хуры тын»-ы. Нысан кæны доны бæрæгбон

Парти «Родинæ»-йы минæвæрттæ сабитæн балæвар кодтой бассейн. Бæрæгбон саразынмæ се ‘ххуысы хай бахастой æхсæнадон архайджытæ дæр. Сывæллæттæн æрбахастой хъазæнтæ, адджинæгтæ. Рæзгæ фæлтæры аирхæфсынмæ «Хуры тын»-мæ æрбацыдысты аниматортæ, зарæггæнджытæ.

81109

Нептуны бон сбæрæг кодтой сидзæр сывæллæтты хæдзар «Хуры тын»-ы. Нысан кæны доны бæрæгбон.
Парти «Родинæ»-йы минæвæрттæ сабитæн балæвар кодтой бассейн. Бæрæгбон саразынмæ се ‘ххуысы хай бахастой æхсæнадон архайджытæ дæр. Сывæллæттæн æрбахастой хъазæнтæ, адджинæгтæ. Рæзгæ фæлтæры аирхæфсынмæ «Хуры тын»-мæ æрбацыдысты аниматортæ, зарæггæнджытæ. Сарæзтой конкурстæ, викторинæтæ, хъæзтытæ. Сидзæр сывæллæтты хæдзары абон хъомыл кæны 35 сабийы, 3-йæ – 18-ы онг кæуыл цæуы, ахæмтæ.
Гаглойты Зæирæ, сывæллæтты хæдзар «Хуры тын»-ы хъомылгæнæг: «Æрбацыд нæм парти «Родина», æмæ нын диссаджы бæрæгбон скодта. Аниматорты, клоунты нæм æрбакодтой, æмæ хъазыдысты сывæллæттимæ. Ахæм бæрæгбæттæ нæм арæх вæййы. Сывæллæттæ сæм тынг фенхъæлмæ кæсынц. Фылдæр цы æрбахæссынц уымæ нæ, фæлæ адæммæ, цæмæй хъæлдзæг урой, хъазой».

темæмæ гæсгæ
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania