филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

09:13 суббота, 28 сентября 2024
12 мая 2021, 14:19
Никотин кæм ис, ахæм продукцимæ цæстдард фæкарздæр кодтой

Стыр æргом аздæхтой æнахъом сывæллæттæм

Никотин кæм ис, ахæм продукцимæ цæстдард фæкарздæр кодтой. Стыр æргом аздæхтой æнахъом сывæллæттæм. Уыдоны, кæй зæгъын æй хъæуы, сæхимæ лвасы сæ хæрздæф, фæлæ уый æнæниздзинадæн зиан кæй хæссы, ууыл нæ хъуыды кæнынц. Фæсивæдон Парламент аразы рейдтæ, тамакойы продукци кæм уæй кæнынц, ахæм бынæттыл. Уæйгæнджытимæ кæнынц æмбарынгæнæн куыст. Бæлвырддæр хабæрттæ радзурдзæн Гуытъиаты Алинæ.

Ирд лготиптæ, алыхуызон къоппытæ дыргъты нывтимæ. Алы ад æмæ тæфимæ электрон тамакотæ. Рæзгæ фæлтæрмæ уый хъазæны хуызæн кæсы, уæлдайдæр та хæрздæф фæздæг кæй уадзы, уый тыххæй. Фæлæ рæсугъддзинадмæ гæсгæйæ сонтæй нæ равзардзынæ, электрон тамако æнæниздзинадæн цæйбæрц зиан хæссы, уый. Ахæм тамакойы никотины бæрц у зынгæ фылдæр.

Æлхæнæгы карыл чысыл дæр фæгуырысхо сты, уæд дзы æвæстиатæй бацагурынц паспорт — зæрдæ æвæрынц дуканиты кусджытæ.

Фæсивæдон парламенты депутаттæ, Уæрæсейы фæлхасадмæ цæстрдарды æмæ мидхъуыддæгты министрады минæвæрттæ амонæн куыст кæнынц уæйгæнджытимæ. Закъонмæ гæсгæ электрон тамакотæ уæй кæнынц куыд хуымæтæгтæ, афтæ.

Сывæллæтты бахъахъхъæнын хъæуы никотины зианхæссæг миниуджытæй — зæгъынц Фæсивæдон Парламенты дæр.

Парламентарийтæ хъуыддаг æрмæст рейдтæй нæ ахицæн кæндзысты. Дарддæр фæнд кæнынц республикæйы скъолатыл æрзилын æмæ сывæллæттæн радзурын, тамако цы зиан хæссы, уый тыххæй. Ахуыргæнæндæттæм цæудзысты номдзыд спортсментимæ. Уыдон та рæзгæ фæлтæрæн дзурдзысты, æнæниз цардыуаджы фæрцы сæ къухы цы нтыстдзинæдтæ бафтыдис, уыдоны тыххæй.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania