15 августа 2024, 11:18
Ног ахуыры азы агъоммæ Дзæуджыхъæуы скъолаты цур ног кæнынц фистæгæйцæуджытæн сæрмагонд нысантæ
Муниципалон куыстуат «Спецэкосервис»-ы кусджытæ сбæрæг кодтой, горæты æппæт ахуыргæнæндæтты цур цы нысантæ ис, уыдон. Ногæй ахорынц нысантæ, цæмæй ирддæрæй зыной. Ацы куыстытæм раздæхтой цалдæр бригады ргом. Цæмæй фæндаггон змæлды фæтк хæлд ма цæуа, уый тыххæй фылдæр куыст кæм ис, уыцы объектты бригадты нымæц фæфылдæр кодтой. Куыстытæ ахæсдзысты, цалынмæ уазæлттæ нæ ралæууой, уæдмæ.
темæмæ гæсгæ




