27 декабря 2019, 15:49
Ног азы агъоммæ бæрæгбон скодтой Дзæуджыхъæуы Алайнаг гимназы
Битарты Вячеслав, æрвылазон æгъдаумæ гæсгæ, бабæрæг кодта ацы сабиты
Ног азы агъоммæ бæрæгбон скодтой Дзæуджыхъæуы Алайнаг гимназы дæр. Битарты Вячеслав, æрвылазон æгъдаумæ гæсгæ, бабæрæг кодта ацы сабиты дæр. Ахуыргæнæндоны уазджыты зæрдæтæ бахъæлдзæг кодтой, ирон æвзагыл цы рæсугъд бæрæгбон бацæттæ кодтой, уымæй. Сывæллæттæ радзырдтой æмдзæвгæтæ, хъазыдысты аргъæутты хъайтартимæ. Битарты Вячеслав сабитæн æмæ сæ ныййарджытæн ракодта Ног азы арфæтæ.
темæмæ гæсгæ




