филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

07:21 суббота, 28 сентября 2024
21 декабря 2021, 12:15
Ног азы бæрæгбæттæн æнæ уæвгæ нæй!

Цæгат Ирыстоны сывæллæтты рæвдауæндæтты сæ уарзон бæрæгбонмæ цæттæ кæнынц зæрдиагæй

Ног азы бæрæгбæттæн æнæ уæвгæ нæй! Цæгат Ирыстоны сывæллæтты рæвдауæндæтты сæ уарзон бæрæгбонмæ цæттæ кæнынц зæрдиагæй. Эпидемиологон уавæр кæй фæхуыздæр, уымæ гæсгæ ацы аз бæрæгбонмæ æрбахуыдтой сабиты ныййарджыты стæй аниматорты. Хистæр кары сывæллæттæм та æнхъæлмæ кæсынц республикæйы ирхæфсæн центрты. Уымæй дарддæр ма се ппæтæн фадат ис зымæгон аргъау банкъарынæн Тугъанты Махарбеджы номыл аивадон музейы. Æппæт бæлвырддинæдтæ базондзыстæм, Сосранты Жаннæйы сюжетмæ бакæсгæйæ.

Ихыл бырæн къуыбыртæ, ирд, алыхуызон цырæгътæ, хъазæнтæ, миты тъыфылтимæ заз бæлæстæ. Сывæллæтты рæвдауæндæтты хъомылгæнинæгтæн ахæм мадзæлтты фæрцы сæ зæрдæтæм уадзынц ног азы бæрæгбоны æнкъарæнтæ. Ног азмæ цæттæгæнæн хъуыддæгтæм бавнæлдтой æппæт рæвдауæндæтты дæр.

Кæфтытæ, зарджытæ, æмдзæвгæтæ. Сывæллæттæ зæрдиагæй сæхи цæттæ кæнынц утренниктæм. Хъомылгæнинæгтæ та тыхсынц, абоны уавæрмæ гæсгæ сабитæм бæрæгбон раздæрау фæхæццæ кæныныл.Нæ сæ фæнды, эпидемиологон уавæрмæ гæсгæ сабитæ афæдз цы диссæгтæ хæссæг бæрæгбонмæ фенхъæлмæ кæсынц, уымæй куыд нæ фæхайджын уой.

Бæрæбонмæ аниматортæ, ныййарджытæ  хуынд æрцæуой, æви нæ, уый аразгæ у рæвдауæндоны разамындæй.  Ныридæгæн, фарон цы карз фæткмæ гæсгæ конд цыдысты бæрæгбæттæ, уый фæлæмæгъдæр. Фæлæ уæддæр бирæ рæвдауæндæтты бæрæгбонмæ бакæсæн уыдзæн æрмæстдæр онлайн хуызы.

Хистæр кары сывæллæтты бон та уыдзæн бæрæгбон ирхæфсæн центрты саразын. Раст зæгъгæйæ, уым дæр æххæст кæнын хъæудзæн санитарон домæнтæ. Зынгæ фæкъаддæр уыцы иу рæстæг центры цал сывæллæоны хъуамæ уа, уый бæрц дæр.

Культурон фæлладуазджыты бон та ныр дæр у  фидæны бæрæгбоны æнкъарæнтæй фæхайджын уæвын.  Тугъанты Махарбеджы номыл аивæдты музейы фенæн ис цымыдисаг экпозици.

Ирыстоны зындгонд нывгæнджытæ бацархайдтой бæрæгбоны комулæфт адæммæ фæхæццæ кæныныл. Равдыст фенæн ис январы кæронмæ.

Бæрæгбоны декорацитæ, заз бæлæстæ æмæ ирд цырæгътæй аивгонд у Дзæуджыхъæу. Æвæрд æрцыд республикæйы сæйраг заз бæлас дæр. Фынддæс метры Ног Азы нысан фенæн ис  Сæрибары фæзы. Активной бæрæгбонмæ сæхи цæттæ кæнын райдыдтой горæты цæрджытæ дæр. Байгом кодтой нæзы бæлæсты базæрттæ æмæ ног азы армукъæтæ.  Уæдæ æнæ диссæгтæ аразæгæй дæр нæ фидауы  бæрæгбон.

Республикæйы мит кæй нæй, уымæ гæсгæ ног азы æнкъарæнтæ адæмæн аразгæ сты сæхицæй. Мит суыдзæн ног азы лæвар, æви нæ, уый та базондзыстæм рæхджы.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania