филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

09:13 суббота, 28 сентября 2024
06 декабря 2021, 12:36
Ног азы бæрæгбæтты агъоммæ йæ куысты фæтк фæкарзæр кодтой хъæд хъахъхъæнджытæ

Ног азмæ хæстæг бирæтæ æнæзакъонæй ныккæрдынц заз бæлæстæ

Ног азы бæрæгбæтты агъоммæ йæ куысты фæтк фæкарзæр кодтой хъæд хъахъхъæнджытæ. Ног азмæ хæстæг бирæтæ æнæзакъонæй ныккæрдынц заз бæлæстæ. Барадхъахъхъæнæг оргæнтæ аразынц рейдтæ, бæрæг кæнынц закъонхалджыты. Суткæйы дæргъы мобилон къордтæ зилынц Алагиры, Дзæуджыхъæуы, Æрæфы, Кировы, æмæ Мæздæджы районты хъæды хæдзарæдты. Хи барæй заз бæлæстæ чи акъуыра, æмæ сæ æнæ бардæттæг гæххæтытæй чи раласа, уыдоныл арæзт цæудзысты протоколтæ, кæндзысты сæ ивар, хъæды хæдзарады пайдайæн. Хъæдмæ фæрæтимæ цæуыны бæсты алчидæр ахъуыды кæнæд, æрдзæн цы фыдбылыз хæссы, ууыл æмæ бацæуæд хæстæгдæр заз бæлæсты базармæ. Дзæуджыхъæуы Ног азы бæлас балхæнæн уыдзæни 15-æм декабрæй фæстæмæ.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania