Ууыл ныр æууæнды Зилгæйы цæрæг Гæгуылаты Тамерлан дæр
Ног азы бæрæгбæтты алы бæллиц дæр сæххæст вæййы. Ууыл ныр æууæнды Зилгæйы цæрæг Гæгуылаты Тамерлан дæр. Республикæйы сæргълæууæг ын сæххæст кодта йæ фæндон, æмæ йын скодта Ног азы лæвар – синтезатор. Битарты Вячеслав ын æй йæхæдæг аласта сæ хæдзармæ. Базонгæ сывæллонимæ. Лæппуйыл цæуы 7 азы, фæлæ дзургæ нæ кæны, кæд æмæ алцы дæр æмбары, уæддæр. Синтезатор та йын æххуыс уыдзæн мыртæ æвзарынæн æмæ тагъддæр сдзурыны хъуыддаджы. Сывæллоны бæсты фыстæг ныффыста йæ мад Тамарæ. Æрцауыгътой йæ бæллицтæ æххæстгæнæн заз бæласыл, æмæ уыцы фыстæг афтæмæй райста республикæйы сæргълæууæг. Чысыл музыкантæй йæ боны фæтк сахатгай у фыст. Ныр йе спортивон фæлтæрæнтæм, змисæй нывæфтыдтæ кæнынмæ ма бафтдзысты музыкалон сахаттæ дæр.




