Уазджытæ нæм ссæуынц Бæстæйы æппæт регионтæй
Фæстаг рæстæг, Ног азы бæрæгбæтты Ирыстоны фылдæр кæны туристты нымæц. Уазджытæ нæм ссæуынц Бæстæйы æппæт регионтæй. Сæ ныхæстæм гæсгæ сæ лвасы нæ республикæйы кæмтты ирд æрдз, къахдзонæгътыл бырыны фадæттæ, зын хæххон маршруттыл хи бафæлварын, стæй фенын зæронд Дзæуджыхъæуы архитектурæ. Алчи дæр дзы ссары йæ зæрдæмæ хæстæг ирхæфсæн мадзал. Туристтимæ фембæлд не сфæлдыстадон къорд. Бæстондæр хабæрттæ Сосранты Жаннæйы сюжеты.
Терчы географион æвæрдæй, суанг Дзæуджыхъæуы цымыдисаг цаутæ æмæ хабæрттæ. Туристты къордтæ сæ балц райдайынц Дзæуджыхъæуы историон хайæ. Уæлдай диссагдæр сын у адæмы удварны хæзнатимæ баст чи у уыцы хъуыддæгтæ. Горæты истори, стæй йæ райрæзты хабæрттæ базонын, райсын райдзаст æнкъарæнтæ республикæйы рæсугъддзинадæй. Алкæмæн дæр ис йæхи нысан. Уазджыты хъуыдымæ гæсгæ, Дзæуджыхъæу иу хатт чи бабæрæг кæна, уый ма фæфæнды йæ комулæфтæй ноджыдæр фæхаджын уæвын.
Цалынмæ иутæ сæ зымæгон канукултæ æрвитынц хæдзары, уæдмæ иннæтæ сæ уæгъд рæстæг пайдаимæ æрвитынц. Сæ чысыл отпуск Ирыстоны арвитын кæй бвфæндыд, уыдон гыццыл нæ уыдысты. Уымæ гæсгæ зонгæгæнæн балцыты ацæуын бирæты фæнды. Сæйрагдæр та у уый, æмæ республикæйы цы равдисай уый кæй ис.
Дзæуджыхъæуæй алæмæты хæххон æрдзон нывты онг. Лæгты дзуары æмæ фæнддаггонты Монумент, Къасарагомы хъуыстгонд къæдзæх, Цъæй. Уый у Туристон маршруты чысыл хай. Зымæгон Ирыстон фенын кæй фæнды, уыдоны нымæц дзæвгар у. Сæ зæрдæмæ тынг цæуы фæндаджы уавæр дæр, уæлдай тынгдæр сæ фæнды къагъдзоныгътыл бырыны курорт.
Фæбæрæг кæнынинаг у уый, æмæ зымæджы Ирыстон бабæрæг кæнын кæй фæнды, уыдон фылдæр кæнынц афæдзæй афæдзмæ. Уый бæрæг уыди декабры кæрон дæр. Ирыстоны цæрæнуæтты бынæтты 80 проценты уæды онг æлхæд уыдысты.




