Цæрæнуæтты-коммуналон хæдзарады артаг æмæ энергетикæйы министрады æргом раздæхта, зымæгон сезоны хæдзæрттæм хъарм æнæкъуылымпыйæ дæттыны хъуыдддагæ
Ног азы бæрæгбæтты рæстæг æнæкъуылымпы куыстыл бацархайыны мадзæлттыл Дзанайты Барисы разамындæй ныхас цыди аппаратон æмбырды. Цæрæнуæтты-коммуналон хæдзарады артаг æмæ энергетикæйы министрады æргом раздæхта, зымæгон сезоны хæдзæрттæм хъарм æнæкъуылымпыйæ дæттыны хъуыдддагæ. Хицауады сæрдар æнæнхъæлæджы цауты министрады размæ сæвæрдта туристон объектты фæлладуадзджыты æдасдзинады уавæртæ сбæлвырд кæныны хæс. Уымæй уæлдай, бæрæгбæтты рæстæг хъуамæ æнкъуылымпыйæ куса æхсæнадон транспорт. Аппаратон æмбырды куыд фæнысан кодтой, афтæмæй æрдзон æвæрæнты æмæ экологийы министрад хъуамæ æппæт мадзæлттæ саразой заз бæлæсты хъæдтæ бахъахъхъæнынмæ. Уæллаг Ларсы уавæрыл дзургæйæ, ведомствæйы минæвар загъта, арæнты сæрты ахизынмæ рады лæууы 2 мины 5 сæдæ уæзласæн машинæйы, уыдонæй 2257 машинæйы сты электрон рады. Ивгъуыд къуыримæ арæнты сæрты ахызти 35 мин адæймаджы æмæ 17 мин машинæйы. Фæлхасадмæ цæстдарды управленийы бæрæггæнæнтæм гæсгæ, гриппы æмæ æндæр хæцгæ низты æмвæзад республикæйы у рæстæмбисæй фылдæр. Дзанайты Барис бахæс кодта, Ног азы фæлладуадзæн боонты медицинон организациты куыст сæрмагонд фæткмæ раивын.




