филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

13:39 суббота, 31 января 2026
27 декабря 2025, 11:15
Ног азы бæрæгбæтты размæ Цæгат Ирыстоны фæкарздæр пиротехникæ уæй кæныны хъуыддаг

Æнæнхъæлæджы уавæрты æмæ мидхъуыддæгты министрæдты кусджытæ аразынц иумæйаг рейдтæ, афтæмæй цæуы адæмы æдасдзинадыл куыст, фейерверктæ уадзгæйæ

Ног азы бæрæгбæтты размæ Цæгат Ирыстоны фæкарздæр пиротехникæ уæй кæныны хъуыддаг. Æнæнхъæлæджы уавæрты æмæ мидхъуыддæгты министрæдты кусджытæ аразынц иумæйаг рейдтæ, афтæмæй цæуы адæмы æдасдзинадыл куыст, фейерверктæ уадзгæйæ. Уæлдай æргом здахынц, æнæзакъонæй пиротехникæ кæм уæй кæнынц, уый раиртасынмæ, сæрмагонд дуканиты бæрæг кæнынц, фейерверктæ сертификаттæй æххæст сты, æви нæ. Кæд рабæрæг уа, æмæ не сты, уæд хъуамæ æрцæуой ист. Пиротехникæйы фæрæзтæ сты тæссаг зынгсирвæзтытæй. Уый тыххæй сæ хъæуы сæрмагонд диканиты æлхæнын. Уым æппæт продукци дæр у хæрзхъæд, пайдагæнæн дзы ис æдасæй. Ног азы бæрæгбæттæ æнæ ирд æмæ рæсугъд салюттæй æмæ фейерверктæй нæ фидауынц, фæлæ æнæмæнг, хъуыды кæнын хъæуы æдасдзинадыл.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania