филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

07:19 суббота, 28 сентября 2024
23 декабря 2021, 11:22
Ног азы бæрæгбонмæ баззад нымад бонтæ

Уæдмæ та уал республикæйы цæрджытæ райдыдтой сæ хæдзæртты бæрæгбоны фидауц – заз бæлæстæ æвæрын

Ног азы бæрæгбонмæ баззад нымад бонтæ. Уæдмæ та уал республикæйы цæрджытæ райдыдтой сæ хæдзæртты бæрæгбоны фидауц – заз бæлæстæ æвæрын. Уыдон равзарын у æнцон хъуыддаг. Ныртæккæ базарты фенæн ис æрбаласгæ æмæ бынæттон бæлæстæ дæр. Цавæр æргътæ сын ис, æмæ куыд равзарæн ис хуыздæр заз бæлас, уый тыххæй радзурдзæн Сосранты Жаннæ.

Ног азы æнкъарæнтæ хæсджытæ арынц уал сæ бынат Дзæуджыхъæуы сæрмагонд бынæтты. Бирæ рæстæг нал ис ног азы ралæудмæ, æмæ афон у нæзы бæлæстæ уæйгæнæн базартæ бабæрæг кæнынмæ. Зæгъын хъæуы уый, æмæ кæй кусынц ковиды ныхмæ мадзæлттæ æххæст кæнгæйæ.

Нæзы бæлæстæ сты алы хуызтæ æмæ алкæцæйты ласт. Адæмы зæрдæмæ фылдæр цæуынц Данийæ ласт бæрæгбоны нысан. Кæд афтæ тынг  не тæф кæнынц, уæддæр рæстæгмæ згъæлын кæй нæ райдайы, уымæ гæсгæ йæ фæрсынц æлхæнджытæ. Раст зæгъгæйæ сæ аргъ дæр уæлдай бæрзонддæр у.

Æлхæнджыты нымæц бонæй-бонмæ кæны фылдæр. Кæд бирæтæ, практикон æгъдауæй æнцондæр архайæн  кæй у йемæ, уымæ гæсгæ сæвæрынц конд бæлæс, уæддæр зæххы хъаруйæ чи фæхайджын, уыцы бæлас хæдзармæ бахæссын кæй фæнды, æхæмтæ дæр чысыл нæй. Экспертты ныхæстæм гæсгæ бæлас æлхæнынмæ цæуын хъæуы боны рухсы. афтæмæй йын хуæздæр фенæн ис йæ хъæндзинæдтæ. Кæд йæ сæр фæбур, йæ судзиндтæ та æгъзæлынц, уæд тæссаг у уыцы бæласæн цыбыр рæстæгмæ æрызгъæлынæй.

Уæдæ ма адон та даргъ фæндагыл сты. Арæзт æрцыдысты 2017 азы. Цæгат Ирыстоны бæлæстæ фылдæргæнæн фыццаг аз нæ кусы хъæдтæ парахат кæнынæн талатæ рæзын кæныныл, фæлæ ацы аз та сæ зæрды æрæфтыд нæзы бæлæсты плантаци скæнын. Уый тыххæй æлхæд æрцыд 30 мин дыууæаздзыд талайы. Цæмæй республикæйы цæрджыты хæдзæртты ацы бæлæстæ фæзыной, уымæ та ма банхъæлмæ кæсын хъæуы тæккæ къаддæр фондз азы.

Хъыбызты Валерийы фидæны ног азы нысантæм йæ цæст афтæ дары, цымæ гыццыл сывæллæттæ сты, афтæ. Æххæст сæ кæны хъæугæ хъацæнтæй, хъахъæны сæ  уæлдæфы æнæхъæугæ хъуыддæгтæй.

Зæгъын ма хъæуы уый, æмæ зæххимæ Нæзы бæлас чи  сæвæра йæ хæдзары, уый бон у бæрæгбæтты фæстæ йæ йæ цæхæрадоны, кæнæ та æндæр искуы ныссадзын. Афтæмæй ма Нæзы бæлас бирæ æзты хъæлдзæг кæндзæн адæймаджы цæст.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania