03 января 2019, 17:25
Ног азы фæткмæ гæсгæ Битарты Вячеслав фембæлд республикæйы амалхъом адæмимæ
Республикæйы сæргълæууæг куыд загъта, афтæмæй сæ архайдæй бирæ социалон проекттæ æххæстгонд цæуынц царды – ног куысты бынæттæ, къабæзты райрæзт, хъалонты фиддонтæ регионалон бюджетмæ.
Ног азы фæткмæ гæсгæ Битарты Вячеслав фембæлд республикæйы амалхъом адæмимæ.
Республикæйы сæргълæууæг куыд загъта, афтæмæй сæ архайдæй бирæ социалон проекттæ æххæстгонд цæуынц царды – ног куысты бынæттæ, къабæзты райрæзт, хъалонты фиддонтæ регионалон бюджетмæ. Сæ æнтыстджын архайды фæдыл сын Битарты Вячеслав загъта бузныг æмæ республикæйы социалон-экономикон райрæзтмæ æвæрæн кæй хæссынц, уый тыххæй Æнæххæстбарджын æхсæнад «Дорстрой»-ы генералон директор Бирæгъты Ростислав, «Арианна -С»-ы коммерцион директор Гаглойты Артур, «Строй – модерны» генералон директор Медойты Хетæг, «Абрикос РА»-йы разамонæг Алан Рогачев, «Колхоз «Виноградное»-йы директор Гуцъаты Фридон, компаниты къорд «Салют»-ы разамонæг Къомайты Эльбрус хорзæхгонд æрцыдысты Республикæ Цæгат Ирыстон-Аланийы Кады грамотæтæй.
темæмæ гæсгæ




