филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

12:39 воскресенье, 01 февраля 2026
09 января 2024, 11:35
Ног азы фæлладуадзæн бонты æрвылаз Цъæйы ком бабæрæг кæны бирæ туристтæ

Чидæр къахдзоныгътыл тезгъо кæны, чидæр сноубордыл, кæмæндæр та йæ зæрдæмæ фылдæр цæуынц экскурситæ

Ног азы фæлладуадзæн бонты æрвылаз Цъæйы ком бабæрæг кæны бирæ туристтæ. Афтæ уыд ацы хатт дæр. Чидæр къахдзоныгътыл тезгъо кæны, чидæр сноубордыл, кæмæндæр та йæ зæрдæмæ фылдæр цæуынц экскурситæ. Республикæйы уазджытæм цавæр æнкъарæнтæ баззад, уый тыххæй нæ программæйы æрмæджы.

Хæхты бæрзонд, кæдæм нæ акæсай, алыварс митæй æмбæрзт къуылдымтæ, уæлдæф дæр æндæрхуызон у. Ам адæймаг цыма зымæгон аргъаумæ бахауы, афтæ кæсы. Æрвылаз Цъæйы ком бабæрæг кæны дæсгай уазджытæ. Алкæйы зæрдæйы дæр баззайы, æрыздæхын кæдæм фæнды, ахæм бынатæй.

Цъæйы йæ фæлладуадзæн бонтæ арвитын кæй фæндыд, уыдон чысыл нæ уыдысты. Уымæн æвдисæн бæндæнæй фæндагмæ цы рад ис, уый. Ам сты сывæллæттæ дæр, æмæ хистæртæ дæр. Алчидæр тырны хæхтæ бæрзæндæй фенынмæ, уый фæстæ та митын фæндагыл æрхизынмæ.

Æмæ кæд иутæ Цъæйы коммæ æрбацæуынц къахзоныгътыл атезгъо кæнынмæ, уæд иннæтæн та сæ зæрдæмæ фылдæр цæуынц экскурситæ. Уыдоны фæрцы ис республикæимæ хæстæгдæр базонгæ уæвын, æмæ хи иронæй банкъарын – йæ адæмы традицитæ æмæ æгъдæуттæ чи зоны, ахæмæй.

Ирыстоны истори туристтæн цымыдисаг у, йæ æрдзон рæсугъддзинад та сæ дисы æфтауы. Куыд зæгъынц, афтæмæй æрмæст кæмттæм фæндæгтæ фенын дæр, бирæйы аргъ у. Хæхтæм кæсгæйæ та, цыдæр уæлмонц æнкъарæнтæ фæзыны.

Зымæгон бæрæгбæтты рæстæг Цъæй туристты *хсæн уæлдай парахат у. Курорты территорийы цы уазæгдзæрæнтæ ис, уыдоны иу уæгъд бынат дæр нæ уыд. 10-æм январьмæ се *ппæт дæр ахст сты.

Цæгат Ирыстоны рæсугъддзинæдтæ фенынмæ азæй-азмæ фылдæр адæм бæллы. Æмæ уазджытыл регион æхсызгонæй æмбæлы.

Æмæ кæд ацы хатт Ирыстон цал уазæджы бабæрæг кодта, уый нырма зын зæгъæн у, уæд бæлвырд у иу хъуыддаг – чысыл не сты. Туристтæн регион цымыдисаг у. Уыимæ та рæзы, республикæйы, ацы къабаз бæрзонддæр æмвæзадмæ исыны фæндон. Цæмæй фылдæр адæмы бафæнда ардæм æрыздæхын.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania