филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

04:15 вторник, 16 декабря 2025
04 января 2013, 17:51
Ног азы хсæв циндзинад не рхаста Къесайы-фырты номыл уынджы хæдзары цæрджытæн

Ног азы хсæв циндзинад не рхаста Къесайы-фырты номыл уынджы 137-æм хæдзары цæрджытæн дæр. Хæдзары электрон тыхы телтæ æмбæлгæ уагыл кæй нæ уыдысты, уымæ гæсгæ басыгъдысты æмæ хæдзары цæрджытæ баззадысты æнæ рухсæй. Фатерты цы техникæ уыд, уый басыгъд.

Хъыгагæн, ахæм хъуыддаг цæрджытыл фыццаг хатт не рцыд. Телтæ фырзæрондæй кæй нал бæззынц, уымæ гæсгæ куы иу ран, куы иннæ ран аскъуынынц æмæ та уæд цæрджытæм рухс нал вæййы. Афтæ 10 боны размæ дæр цасдæр рæстæг уыдысты æнæ электрон тыхæй. Уæд сын зæрдæ бавæрдтой хъуыддагмæ кæй æркæсдзысты, уымæй, фæлæ куыд фæзæгъынц – ныр дæр ма кæсынц.
Цæрджытæ сæ хъаст дæр бирæ кæмæ хастой, фæлæ куыд уынæм, афтæмæй сæ уавæр ницы хуыздæр фæци. Ныр дæр та сын зæрдæ æвæрæнц 9-æм январæй фæстæмæ хъуыддагмæ кæй æркæсдзысты. Цалынмæ цæрæн коммуналон хæдзарады кусджытæ бæрæг кæнынц чи цы куст хъуамæ кæна, уæдмæ цæрджытæн сæтты электрон тыхæй чи кусы, уыцы техникæ.

темæмæ гæсгæ
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania