филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

07:20 суббота, 28 сентября 2024
24 декабря 2021, 10:50
Ног азы къæсæрыл бæрæгбоны лæвæрттæм бирæтæ фенхъæлмæ кæсынц

Уæлдай ахджиаг та вæййынц, хи къухтæй конд куыстытæ

Ног азы къæсæрыл бæрæгбоны лæвæрттæм бирæтæ фенхъæлмæ кæсынц. Уæлдай ахджиаг та вæййынц, хи къухтæй конд куыстытæ. Ахæм фадат фæзынд, акци «Дари Тепло» æххæст кæнгæйæ. Уымæн æмæ зымæгон уды хъарм балæвар кæнын у тынг ахсджиаг. Чи у акци саразæг, æмæ цавæр у йæ мидис, уый тыххæй радзурдзæн Фидараты Маринæ.

Иу сахаты архайд, æмæ дзы рауайы цымыдисаг экспонат. Æлыгæй алыхуызон куыстытæ кæнын цыбыр æмгъуыдмæ сахуыр кæнæн ис алкæйы дæр. Уыдоны нымæц та чысыл нæу. Се хсæн куыд сывæллæттæ, афтæ хистæртæ дæр.

Фыццаг уал ахуыргæнинæгтæ æлыгæй скæнынц формæтæ. Бæлвырд фæтк сын нæй. Уый фæстæ та бафтауæн ис ахорæнтæ, æмæ сæ уæд бахус кæнынц пецы.

Æппæт куыстытæ цæттæ кæнынц Ног азмæ. Балæвар сæ кæндзысты Дзæуджыхъæуы цæрджытæн 31-æм декабры. Акци хуымæтæджы не схуыдтой «Дари Тепло». Уымæн æмæ зымæджы искæмæн хъарм балæвар кæнын тынг ахсджиаг у.

Ацы æрмадзыл цæуы 8 азы. Раздæр уал Бæцойты Каринæ сарæзта арт-тыгъдад сæрмагондæй нывгæнджытæн. Фæстæдæр йе ргом аздæхта скульптурæтæ аразынмæ.

Бæцойты Каринæ фыццаг хатт нæ сарæзта ахæм акци. Амæй размæ кодтой æрвыстæгтæ ирон æвзагыл стæй æндæр цымыдисаг куыстытæ. Ног азы къæсæрыл, кæй бафæнда, уыдонæн æрмдæснытæ баххуыс кæндзысты бæрæгбоны аууæлтæ банкъарынæн. Уымæн æмæ уды хъарм лæвар кæнын кæддæриддæр у тынг ахсджиаг.

 

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania