11 декабря 2013, 10:25
Ног азы райдиан Алагиры байгом кæндзысты ног спортивон комплекс
Фæлæ цæмæй куыстытæ нысанмæ гæсгæ фæуой, уый тыххæй хъуамæ Федералон бюджетæй æхца дихгонд æрцауой афоныл. Ныртæккæ дзы æвæрынц рудзгуытæ. Нырмæ уал сын баххуыс кодтой республикæйы æмæ районы бюджеттæй.

Спортивон комплекс арæзт цæуы парти «Иугонд Уæрæсейы» Федералон программæмæ гæсгæ. Алагиры администрацийы куыд зæгъынц, афтæмæй дзы уыдзæн цалдæр секцийы. Фæсивæд дзы архайдзысты мини-футболæй, волейболæй, уæгъдибар хъæбысхæстæй, боксæй æмæ уæззау атлетикæйæ. Спорты ацы хуызтæн кусæнгæрзтæй ныридæгæн сты ифтонггонд.

темæмæ гæсгæ