филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

07:02 понедельник, 15 декабря 2025
03 января 2014, 11:15
Ног азы сæ бæллицтæ сæххæст сты сывæллæтты хæдзар «Солнышко»-йы хъомылгæнинæгтæн

Митын Дада æмæ Митын чызгæй цы лæвæрттæ ракуырдтой, уыдон сыл сæмбæлдысты.

Ныр æртыккаг аз Дзæуджыхъæуы разамынды институты студенттæ саразынц хæрзаудæн акци «Бæллицты заз бæлас».

Ног азы сæ бæллицтæ сæххæст сты сывæллæтты хæдзар «Солнышко»-йы хъомылгæнинæгтæн. Митын Дада æмæ Митын чызгæй цы лæвæрттæ ракуырдтой, уыдон сыл сæмбæлдысты.

Ныр æртыккаг аз Дзæуджыхъæуы разамынды институты студенттæ саразынц хæрзаудæн акци «Бæллицты заз бæлас». Митын Дада æмæ Митын Чызгмæ цы фыстæджытæ арвыстой, уыдонæй студенттæ саив кодтой бæрæгбоны бæлæстæ. Зазтæ æвæрд æрцыдысты горæты стыр дуканиты æмæ базарадон центрты. Алы адæймагæн дæр йæ бон уыд сывæллæттæн Ног азы бæрæгбонмæ лæвæрттæ скæнын. Дзæуджыхъæуы разамынды институты студенттæ та сын бацæттæ кодтой хъæлдзæг концерт æмæ уым сæххæст кодтой сывæллæттæн сæ бæллицтæ.

Хуыбецты Оксанæ, Дзæуджыхъæуы разамынды институты студенткæ: «Ацы акци фæкæнæм алы аз дæр. Ныр æй кæнæм æртыккаг хатт. Нæ институты зæрдæмæ тынг цæуы æмæ иннæ аз дæр скæндзыстæм. Мах фæнды, цæмæй свæллæттæ Ног азы, цы сæ фæхъæуы, уый сын уа æмæ иннæтæй æвзæрдæр ма нкъарой сæхи. Скæнæм заз бæлас, открыткæтæ скæнæм, сывæллæтты цы фæхъæуы, уый дзы ныффысæм. Арæх сæ фæхъæуы машинæтæ, куклатæ, ацы хатт дзы велосипед дæр кæйдæр бахъуыд æмæ сын уый дæр скодтам».

темæмæ гæсгæ
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania