5-æм декабры сæумæрайсом сæ хæдзар ссыгъд
Ног Бæтæхъойыхъæуккаг Козаты бинонтыл æрцыд бæллæх. 5-æм декабры сæумæрайсом сæ хæдзар ссыгъд. Цæстыфæныкъуылдмæ Козатæ баззадысты æнæ хæдзарæй æмæ æнæ гæххæттытæй. Зынгсирвæзты фæстиуджыты тыххæй бæлвырддæр радзурзæн Тъехты Элинæ.
Хæрзæрæджы ацы бынаты уыд рæсугъд хæдзар. Маринæ цæстысыгимæ кæсы, йæ цæлгæнæнæй цы баззад, уымæ. Ацы бæллæх Козаты бинонтыл æрцыд 5 декабры райсомæй. Хæдзары уыд 6 адæймаджы. Фыдбылызæй сæ аирвæзын кодта сæ фыд. Бинонты хистæр райхъал 4 сахатыл. Уыцы рæстæг сæ цæлгæнæн сыгъд. Арт ахуыссын кæнын уыд æрæгмæ æмæ нæлгоймаг райдыдта бинонты ирвæзын кæнын .
Бинонтæ аирвæзтысты, фæлæ хæдзарæй сахатмæ баззад æрмæстдæр пиллон æмæ агуыридурæй къултæ. Артимæ тох кодтой 4 зынгхуыссынгæнæн машинæйы. Специалистты тагъд архайды руаджы арт нæ апарахат сыхаг хæдзæрттыл. Козаты сывæллæттæй Аланæ у хистæр. Куыд зæгъы, афтæмæй зын у, дæ хæдзар куыд судзы, уымæ кæсын. Чызгæн йæ райгуырдæй фæстæмæ йæ зæрдæ у хъыгдард. Йæ медицинон картæ дæр басыгъд иннæ хъæугæ гæххæттытимæ.
Ныр Козаты бинонтæ рæстæгмæ цæрынц сæ хæстæджытæм. Æххуыс сын кæнынц адæм дæр. Сæ сыхæгтæ æмæ се мбæлттæ сын æмбырд кæнынц хцайы фæрæзтæ, стæй сыгъдæг кæнынц зынгсирвæзты фæстиуджытæ. Æххуыс сын кæны хъæуы администраци дæр.
Ходы Олег, Ног Бæтæхъойы администрацийы сæргълæууæг: «Райсом нын хъуамæ раттой техникæ, цæмæй цыдæриддæр басыгъдис, уыдон бафснайæм. Зиу скæндзыстæм, æмæ, фыццаджыдæр, хæдзары сæр бамбæрздзыстæм, цæмæй йыл мит ма уара, уый тыххæй.
Козаты бинонтæ иу сахатмæ баззадысты æнæ хæдзарæй. Фæлæ хистæртæ æмæ сывæллæттæ куыд зæгъынц, афтæмæй сæйрагдæр у, хъыгдард кæй ничи баййæфта, уый.




