Ахæм хæс аппаратон æмбырды радта республикæйы сæргълæууæг
Ног хъармгæнæн сезонмæ цæттæ кæныны фæлгæты хъæуы куыд сæйраг, афтæ хæдзæртты хызты уавæрæн дæр аргъ скæнын. Ахæм хæс аппаратон æмбырды радта республикæйы сæргълæууæг. Уымæй уæлдай, Сергей Меняйло бадомдта, разамынддæттæг компаниты архайдмæ æркæсын. Æмбырды ныхас цыди Дзæуджыхъæуы рацарæзтыл дæр. Ныртæккæ республикæйы сæраг горæты цалцæггонд цæуы 18 æхсæнадон территорийы. Горæты сæргълæууæг куыд радзырдта, афтæмæй Плиты Иссæйы цыртдзæвæны алыварс куыстытæ æххæстгонд æрцыдысты 40%. Нысан кæнынц доны станцæ цъæхфæлыстæй саив кæнын дæр, стæй ирвæзынгæнджыты нымæц фæфылдæр кæнын. Аппаратон æмбырды æрдзырдтой сывæллæтты сæрдыгон фæлладуадзæн рæстæгыл дæр. 159 лагерьмæ ма бафтдзæн ноджыдæр 4. Уыдон ныртæкæ сты иумæйаг паддзахадон фæлварæнтæ дæттыны пункттæ. Уæрæсейы фæлхасадмæ цæстдарды управленийы разамонæг куыд фехъусын кодта, афтæмæй се ппæт лагертæ дæр дезинфекцигонд æрцыдысты джыбыты ныхмæ. 5 стационарон дзæбæхгæнæн лагеры ныртæккæ ис 307 сывæллоны. Республикæйы сæргълæууæг Сергей Меняйло куыд фæнысан кодта, афтæмæй Санкт-Петербурджы цы экономикон форум ацæудзæн, уым хъуамæ нæ республикæ бакуса, Кавказы инвестицион форумы цы бадзырдтæ фыст æрцыди, уыдон царды рауадзыныл.




