Уый тыххæй аппаратон æмбырды фехъусын кодта Сергей Меняйло
Ног найæн сезонмæ се ппæт районты центрты дæр фæзындзæн хи доны станцæтæ. Уый тыххæй аппаратон æмбырды фехъусын кодта Сергей Меняйло. Цæгат Ирыстоны разамонæг районты сæргълæуджытæн бахæс кодта, доны станцæтæн бынæттæ радих кæнын, бассейнтæ та сын балхæндзæн республикæ. Ныхас цыди социалон контракттыл дæр. Фæллойы æмæ социалон рæзты министр Айдарты Алинæ куыд радзырдта, афтæмæй абоны онг хыгъд æрцыди 722 бадзырды. Ацы хъуыддæгтæн фæрæзтæ дихгонд æрцыди 160 милуан сомы. Æмбырды ныхас цыди æнæзакъон бырондæттыл дæр. Æрдзон æвæрæнты æмæ экологийы министры хæстæ æххæстгæнæг Бæззаты Вадимы ныхæстæм гæсгæ, 76 æнæзакъон бырондонæй 50 ныридæгæн скуынæг кодтой. Фембæлды æрдзырдтой иумæйаг паддзахадон фæлварæнтæ дæттыны фарстатыл дæр. Ахуырады æмæ наукæйы министр Алыбекты Эллæ куыд фехъусын кодта, афтæмæй сабаты фæлварæнтæ дæттыны кампани æххæстæй кæронмæ æрхæццæ.




