Иу æмæ дыууæ зындгонд хъæбысæйхæцæджы нæ рацыдысты ацы турниры архайды фæстæ уæлдæр æмвæзады ерыстæм
Ног суинаг спортсментæ та сбæрæг сты Бердиты Солтаны номарæн 9-æм республикон турниры рæстæг. Иу æмæ дыууæ зындгонд хъæбысæйхæцæджы нæ рацыдысты ацы турниры архайды фæстæ уæлдæр æмвæзады ерыстæм. Спортсментæ сæхæдæг куыд зæгъынц, афтæмæй ай канд номарæн мадзал нæу, фæлæ тынг ахсджиаг турнир у фæсивæды ныфс фидардæр кæнынæн. Уæвгæ фехъусынæй, фенын хуыздæр у, æмæ бакæсæм Сосранты Жаннæйы сюжетмæ.
Ног уæлахиздзаутæ, ног æнтыстытæ, фæсивæды спортивон цæттæдзинад фылдæр кæнынæн хорз фæрæз. Радон хатт та арæзт æрцыд Дигорайы раздæры сæргълæууæг Бердиты Солтаны номарæн турнир уæгъдибар хъæбысхæстæй. Кæд йæ архайджытæ сæ кармæ æмæ уæзтæм гæсгæ хицæн кæнынц, уæддæр сæ нысан вæййы иу –сæ арæхстдзинад равдисгæйæ рамбулын.
Бирæтæн ацы турнир сси стыр уæлахизтæм фæндаг аразæг. Байаты Давид Бердиты Солтаны номыл турниры иу æмæ дыууæ хатты нæ архайдта, алы хатт дæр дзы уыд уæлахиздзау. 9-æм турниры та Уæрæсейы æмæ Дунейы чемпион уæгъдибар хъæбысхæстæй, уыд кадджын уазджыты хсæн. Куыд зæгъы, афтæмæй йын ацы турниры архайд йæ фæлтæрддзинад фылдæр кæнынæн тынг баххуыс кодта.
Турниры архайджыты нымæц азæй-азмæ кæны фылдæр, сæ географи та уæрæхдæр. Куыд иннæ хæттыты, афтæ дзы ацы аз дæр бырстой сыхаг республикæты æмæ бæстæты минæвæрттæ.
Фарæстæм гом республикон турнир арæзт æрцыд Дигорайы спортивном комплексы. Архайдта дзы 2002-æмæй -2004 –æм азы онг гуырд 200 спортмены. Уыдоны хсæн сбæрæг кодтой уæлахиздзауты сæ уæзмæ гæсгæ 10 категорийы. Турниры сæйраг тæрхонгæнæг Махъоты Æхсарбеджы ныхæстæм гæсгæ, уый та æнцон нæ вæййы.
Куыд æрвылаз, афтæ ныр дæр, Бердиты Солтаны кæстæртæ æмæ мадзалы кадджын уазджытæ уæлахиздзауты схорзæхджын кодтой майдантæй, кады гæххæттытæй æмæ æхцайы премитæй. Традицимæ гæсгæ ма спортсментæй кæцыдæртæн радтой сæрмагонд призтæ дæр. «За лучшую технику», «За волю к победе», «Приз зрительских симпатий», «Самому юному участнику».
Ныр ацы спорты хуызæй архайджытæ сæхи цæттæ кæндзысты юбилейон 10-æм турнирмæ.




