филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

13:44 воскресенье, 01 февраля 2026
12 сентября 2019, 17:15
Ногæй та сабийы дугмæ

Ахæм хъуыды сывзæры армдæсны Цæлыгкаты Элинæйы конд хъазæнтæ йæ къуыхмæ чи райсы, уыдонмæ.

Ногæй та сабийы дугмæ. Ахæм хъуыды сывзæры армдæсны Цæлыгкаты Элинæйы конд хъазæнтæ йæ къуыхмæ чи райсы, уыдонмæ. Алыхуызон куклатæ зæрдæйы бацагайынц. Æмæ канд сæ уæлæдарæсæй нæ фæлæ сæ сурæттæй дæр. Уæдæ уæлдай уарзондзинад Элинæ бауадзы цы æрсытæ скæны, уыдоны дæр. Æрæджы архонкæйаг чызг архайдта æппæт адæмон ерысты æмæ дзы сси уæлахиздзау. Алы бæстæты цæрæг 300 адæймаджы онлайны фæрцы саразын хъуыд фæлмæн арсы æмæ дзы Элинæйы хи конд хъазæн разынд хуыздæр. Йæ куыстытимæ базонгæ Гутьиаты Алинæ дæр.

Элинæ йæ уæгъд рæстæджы алы минутæй дæр пайда кæны, цæмæй йæ зæрдæ цы куыстæй райы, ууыл йæхи ирхæфса.

Кæддæр Элинæ иу нывы федта аргъæуттæй арс. Чызджы зæрдæмæ афтæ фæцыдис æмæ йæхицæн скарста, ахæм хъазæнтæ йæхæдæг саразыныл кæй бафæлвардзæн, уый. Уæдæй нырмæ цы хъазæнтæ сарæзта, уыдонæй алкæцыдæр у хицæн эксизмæ гæсгæ конд.

Афæдз æмæ æрдæгмæ хъазæнтæ сбирæ сты. Æмæ дзы цынæхуызон фендзынæ! Фæлæ уæддæр Элинæ æрсытæй фылдæр ницы уарзы. Йæ дæсныдзинадæн чызг æвдисæндар райста æппæтадæмон онлайн-конкурс Тедди Батлы. Элинæ æнтыстджынæй ацыдис цыппар къæпхæны дæр. Афтæмæй йæ къухы бафтыдис фыццæгæм бынат.

Фæзæгъынц, ацы зæрдæмæдзæугæ æрсытæ фæзындысты 1902 азы, америкаг президент Теодор Рузвелты кадæн. Уый кæддæр цуангæнгæйæ фæтæригъæд кодта арсæн æмæ йæ нæ амардта. Уыцы хабар уайтагъд апарахат ис газетты. Иу сылгоймаг та сæрмагондæй президенты кадæн бахуыдта арс, æмæ йын æй уайтагъддæр балхæдтой. Афтæ райдыдта йæ балц дунейы адæмы зæрдæтæм арс Тедди.

Алы арсы дæр ис æрмдæсныйы уддзæф. Элинæ куыд зæгъы, афтæмæй алы хъазæн дæр æвдисы авторы миддуне æмæ æнкъарæнтæ. Уый тыххæй дзы иутæ сты æнкъард, иннæтæ хъæлдзæг, æртыккæгтæ та бынтондæр сæхи хъуыдыты аныгъуылдысты. Ацы куыст сонтæвнæлд нæ быхсы. Уæд хъазæн нæ фæрæстмæ уыдзæнис, зæгъы Элинæ.

Конкурсы фæрцы Цæгат Ирыстойнаг æрмдæсныйы куыстытæ федтой республикæйы æндæр рæтты дæр. Элинæйы æрсытæй ныр цалдæр сты Санкт Петербурджы равдысты. Фæстæдæр та сæрмагонд равдыст байгом уыдзæнис Дзæуджыхъæуы.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania