08 июня 2023, 11:48
Ногир æмæ Михайловскæйы хсæн хиды рацарæзты куыстытæ бацыдысты сæ тæмæны
Куыстытæ фæуынмæ хъавынц 1-æм июлы
Ногир æмæ Михайловскæйы хсæн хиды рацарæзты куыстытæ бацыдысты сæ тæмæны. Райдыдтой 2-æм июны, æмæ ныры онг фæллойгæнджыты раз æвæрд хæс æххæстгонд æрцыд 70% онг. Объекты кусы нырыккон техникæ, уымæ гæсгæ специалисттæ зындзинæдтæ не ййафынц. Æрмæстдæр сæ хъыгдары боныхъæд. Цæугæдоны æмвæзад куы фæуæлдæр вæййы, уæд хиды рацарæзт фæцæуы къуылымпытимæ. Уый нæ хынцгæйæ, куыстытæ фæуынмæ хъавынц 1-æм июлы.




