20 февраля 2024, 11:54
Ногиры бындурон цалцæджы фæстæ байгом амбулатори
Кадджын мадзалы архайдта æнæниздзинадхъахъхъæнынады министр Тебиаты Сослан
Ногиры бындурон цалцæджы фæстæ байгом амбулатори. Кадджын мадзалы архайдта æнæниздзинадхъахъхъæнынады министр Тебиаты Сослан. Ноггонд бæстыхайы ис райсæн алыхуызон медицинон лæггæдтæ. Уымæн ныр æппæт уавæртæ ис. Кусæнуатмæ балхæдтой хъæддзаума æмæ хъæугæ ифтонггæрзтæ. Амбулаторийы кусдзæн 24 дохтыры. Фæзынд дзы льготæтæм гæсгæ хостæдæттæн пункт дæр. Бындурон цалцæг скодтой, республикæ нацпроект «Æнæниздзинадхъахъхъæнынад»-ы профилон федералон программæйы кæй архайдта, уый фæрцы.