17 мая 2024, 12:07
Ногиры дарддæр цæуы бынæттон культурæйы хæдзары бындурон цалцæг
Куыстытæ цæуынц национ проект «Культурæ»-йы фæлгæты
Ногиры дарддæр цæуы бынæттон культурæйы хæдзары бындурон цалцæг. Куыстытæ цæуынц национ проект «Культурæ»-йы фæлгæты. Бæстыхай сарæзтой 1961-æм азы æмæ уæдæй нырмæ цалцæггонд нæ уыд. Цæрæнуæтты коммуналон хæдзарады министрады пресс-службæ куыд хъусын кæны, афтæмæй аразджытæ баивдзысты бæстыхайы сæр æмæ коммуникацитæ, саив кæндзысты мидæггаг агъуыстытæ, стæй скæндзысты ног рухсгæнæн системæ. Йæ хуыз аивдзæн клубы æддаг бакаст дæр, бадæн бынæттыл та бафтдзæн ноджыдæр 70. Рацарæзты рæстæг клубы цы сфæлдыстадон къордтæ кусынц, уыдон рæстæгмæ рацæудзысты скъоламæ. Куыстытæ фæуыдзысты афæдзы кæронмæ.
темæмæ гæсгæ




