филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

05:38 среда, 26 июня 2024
24 июля 2014, 11:21
Ногиры хъæуы кæронæй Дзæуджыхъæуы автовагзалмæ фæндагыл ис транспорты æрлæууæн. Фæлæ йæм кæуылты цæуой, уый нæй

Ногиры хъæуы кæронæй Дзæуджыхъæуы автовагзалмæ ис иу километры бæрц. Уымæ гæсгæ сæм хæстæг у æхсæнадон транспорты æрлæууæн. Фæлæ йæм кæуылты цæуой, уый нæй. Тыхсын сæ кæны,

73491
Ногиры хъæуы кæронæй Дзæуджыхъæуы автовагзалмæ ис иу километры бæрц. Уымæ гæсгæ сæм хæстæг у æхсæнадон транспорты æрлæууæн. Фæлæ йæм кæуылты цæуой, уый нæй. Тыхсын сæ кæны, Транскам аразджыты уынджы къахвæндаг кæй нæй, уый. Уый аххосæй адæмы цæуын хъæуы машинæтимæ иу фæндагыл.

Æхсæнадон транспорты æрлæууæнмæ Ногиры цæрджытæ зындзинæдтимæ бахæццæ вæййынц. Хъæуы кæрон цы микрорайон ис, уырдыгæй Дзæуджыхъæуы автовагзалмæ иу километры бæрц ис. Уымæ гæсгæ адæмæн æнцон у уырдыгæй сæ куысты, кæнæ ахуыры банæттæм цæуын. Тыхсын сæ кæны, Транскам аразджыты уынджы кæй нæй къахвæндаг. Уый аххосæй адæмы цæуын хъæуы машинæтимæ иу фæндагыл.

Багаты Нарик, Ногиры хъæуы депутат: «Къахвæндаг ис мæнæ уынут æй уæхæдæг, ардæмты, уымæй уæлæмæ къахвæндаг нæй сывæллæттæн. Мах курæм хицауадæ, цалынмæ фыдбылыз сывæллæттæй никæуыл æрцыд. Вагзал æхгæд нæ уыд, ныртæккæ йæ уæртæ уæхæдæг уынут, æртæ метры забор дзы сæвæрдтой, æмæ у æхгæд. Æмæ нæ фæнды, цæмæй горæты хицауад æркæсой æмæ сывæллæттæн фæндаг скæной».

Фæндагыл цæуы бирæ машинæтæ. Уавæрыл ма ахады уый дæр, æмæ ацы ран ис артаджы станцæтæ, машинæтæ æхсæн æмæ цалцæггæнæн куыстуæттæ. Æмæ уымæ гæсгæ ам æмбырд кæны бирæ транспорт.

Цалдæр азы размæ Ногиры цæрджытæ сæхи хъарутæй Транскам аразджыты уынджы сарæзтой къахвæндаг. Ныр уый дæр хорз уавæры нал ис, стæй кæронмæ нæ хæццæ кæны. Уынджы æппæтæй тæссагдæр хæйттыл та къахвæндаг уæвгæ дæр нæй. Уыимæ ма ам нæй рухс дæр.

Джыгкайты Тимур, Ногиры цæрæг: «Столбæтæ лæууы, телтæ рауагътой, сывæрдтой фонарьтæ, фæлæ сæ не ссыгътой, æмæ сæ ныр дæр нæ кусын кæнынц. Цалынмæ уыдон рахъуыды-бахзъуыды кодтой, уæдмæ адавтой цалдæр фонары. Мæнæ ауылты нæ сывæллæттæ хызтызты, æмæ иу комкоммæ автостанцæйы уылты ахызтызты подземный переходмæ».

Ногиры цæрджытæн йæ бон баххуыс кæнын нæу бынæттон администрацийы сæргълæууæг Таймазты Артурæн дæр. Æмбарын кæны, Транскам аразджыты уынг Дзæуджыхъæуы фæзуаты кæй ис, æмæ дзы исты куыстытæ кæнын йæ бон уымæ гæсгæ нæу.

Таймазты Алан, Ногиры бынæттон администрацийы сæргълæууæг: «Адæм хъаст кæнынц, кæуылты цæуой, уый сын нæй. Мæнмæ дæр æрбацæуынц ацы фарстаимæ. Фæнды сæ, цæмæй фæндаг банывыл кæнæм. Фæлæ хъæуы администрацийæн йæ бон ницы бакæнын у. Транскам аразджыты уынг хауы Дзæуджыхъæумæ æмæ дзы махæн исты куыстытæ кæныны бар нæй».

Адæм сæ хъаст цалдæр хатты бахастой Дзæуджыхъæуы администрацимæ дæр. Фæлæ нырмæ ницы дзуапп райстой. Мэрийы специалисттимæ аныхас кæнын нæ бантыст махæн дæр.

Фарста куыд тагъд лыггонд æрцæудзæн, уый бæрæг нæу. Дзæуджыхъæуы администрацийы дзуапп раттыныл не сразы сты, Транскам аразджыты уынджы къахвæндаг кæд фæзындзæн, уый тыххæй. Бæрæг нæу, фæндаг цалцæг кæндзысты æви нæ, уыцы хъуыддаг дæр.

Цæрджытæ куыд зæгъынц, афтæмæй ацы хъуыддаг сбæлвырд кæныныл архайдзысты дарддæр дæр. Уæвæрмæ йæ цæст дардзысты не сфæлдыстон къорд дæр. Уымæн æмæ Транскам аразджыты уынджы къахвæндаг æнæмæнг хъæуы.

Гугкаты Иринæ

темæмæ гæсгæ
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania