филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

15:12 суббота, 28 сентября 2024
17 марта 2021, 13:35
Ногиры иу хайы цæрджытæ алы бон дæр æмбæлынц цæлхдуртыл

Дзæуджыхъæумæ фæндаг сын рауайы къуылымпытимæ

Зындзинæдты сæрты хизгæйæ. Ногиры иу хайы цæрджытæ алы бон дæр æмбæлынц цæлхдуртыл. Дзæуджыхъæумæ фæндаг сын рауайы къуылымпытимæ. Фæндаджы иу уаццаг у бынтон пырх.

Ныр афæдзæй фылдæр Ногиры цæрджытæн æндæр гæнæн нæ вæййы, æмæ, зæгъæн ис, бон цалдæр хатты фæдæттынц фæллоймæ æмæ хъахъхъæнынадмæ цæттæдзинады нормæтæ. Бæлвырддæр та – 500 метры дугъ. Уыимæ алы боныхъæды рæстæг дæр. Маршрутон такситы шофыртæ Ногиры ацы хаймæ цæуын нæ комынц. Уымæн æмæ фæндагыл канд асфальт нæй, фæлæ ма у пырхытæ. Зæгъæм иу мæй æхсæнадон транспорт ауылты куы фæцæуы, уæд машинæ æмæнæмæнг свæййы цалцæггæнинаг.

Пандемияйы райдианæй 65 азæй фылдæр кæуыл цæуы, уыцы шофыртæ ацыдысты отпусчы. Маршрут сæхгæдтой. Ныртæккæ та райстой ног машинæтæ æмæ ног шофырты.

Шофыртæ фæтæригъæд кодтой бынæттон цæрджытæн, æмæ райсомæй аласынц шофырты сывæллæтты рæвдауæндæттæм æмæ скъолатæм. Иннæ рæстæг та ногирæгтæ фæцæуынц фистæгæй суанг Архонкæмæ фæзилæны фæндаджы онг. Уавæр æвзæрырæдм ахады шофыртыл æмæ бæлццæттыл дæр.

Аразджытæ канд машинæты фæндаджы уаццаг нæ фехæлдтой, фæлæ ма къахвæндаг дæр. Ауылты цæуын æдас нæу.

Хæххон металлургон институты профессор Кортиты Леван алы бон дæр йæ куысты бынатмæ фæцæуы ауылты. Йæхæдæг куыд зæгъы, афтæмæй ахæм тезгъойы фæстæ æнкъарæнтæ сæ хуыздæртæй нæ вæййынц. Уыимæ ма уый фæстæ хъæуы адæмимæ кусын, студенттæн зонындзинæдтæ дæттын. Фæлæ фылдæр тыхсы йæ сыхæгтыл.

Ногиры администрацийы зæгъынц – ацы фæндаг дих кæны хъæу æмæ горæт. Уæвгæ хауы Дзæуджыхъæумæ. Пырх дæр æй ныккодтой, ацы ранмæ хæстæг объекттæ куы арæзтой, уæд. 

Горæты администрацийы та уавæры тыххæй зæгъынц афтæ. Транскам аразджыты уынг хаст æрцыд 2021-æм азы программæмæ. Уый æххæст кæнгæйæ, фыццаджыдæр рацаразынмæ хъавынц Дзæуджыхъæуы æппæтæй фылдæр машинæтæ кæуыл фæцæуынц, уыцы фæндæгтæ. Фæлæ ацы уаццаг дæр æнæвнæлдæй нæ баззайдзæн. Уымæй бæрнон кусджытæ зæрдæ æвæрынц.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania