Абон куыстытæ æххæстгонд цæуынц Дзæуджыхъæуы, Алагиры æмæ Мæздæджы районты 8 скъолайы
Советон Цæдисы, Уæрæсейы, сæрмагонд æфсæддон операцийы хъæбатырты æмæ æндæр номдзыд адæмы портреттæ саив кодтой республикæйы 12 скъолайы бæстыхæйттæ. Абон куыстытæ æххæстгонд цæуынц Дзæуджыхъæуы, Алагиры æмæ Мæздæджы районты 8 скъолайы. Проект «Хъæбатырты цæсгæмттæ» царды уадзы парти «Иугонд Уæрæсе», арæзтады æмæ архитектурæйы, ахуырады æмæ наукæйы министрадтимæ иумæ. Бæлвырддæр радзурдзæн Хъайтмазты Дзерассæ.
Дзæуджыхъæуы 18-æм скъола хæссы, йæ рауагъдон, Уæрæсейы Хъæбатыр Александр Стыцинайы ном. Ныр та булкъоны хуыз саив кодта ахуыргæнæндоны бæстыхайы разуынд. Радон хæстон хæс æххæстгæнгæйæ, йæ цард снывонд кодта йæ дæлбар чи уыд, уыдонæн цæмæй ацæуыны фадат уа, уый тыххæй. Ныхмæлæууæджы йæхимæ расайдта. Уый фæрцы бантыст 70 фыдгæнæджы ныппырх кæнын. Александр Стыцинайы сгуыхтдзинад ныр ис йæ уарзон скъолайы, республикæйы æмæ бæстæйы историйы. Проект «Хъæбатырты цæсгæмттæ»-м гæсгæ, номдзыд адæмы портреттæ аив кæнынц Цæгат Ирыстоны ахуыргæнæндæттæ.
12 скъолайы – 12 хъæбатыры. Се *хсæн: Фыдыбæстæйы Стыр хæсты, локалон быцæуты, сæрмагонд æфсæддон операцийы архайджытæ. Ноджыдæр ма 8 ахуыргæнæндоны куыстытæ цæуынц. Нывгæнджытæй иу – Санкт Петербурджы Илья Репины номыл аивæдты академийы рауагъдон Александра Вершинина. Саив кодта 6 скъолайы. Цалдæры та ма кусы.
Проект «Хъæбатырты цæсгæмттæ» арæзт æрцыд фарон республикæйы сæргълæууæг Сергей Меняйлойы хъæппæрисæй. Æххæст æй кæны парти «Иугонд Уæрæсе» Цæгат Ирыстоны арæзтады æмæ архитектурæйы, æмæ ахуырады æмæ наукæйы министрадтимæ иумæ.
Парти «Иугонд Уæрæсе»-йы минæвæрттæ куыд зæгъынц, афтæмæй патриотон хъомыладыл куыст у ахсджиагдæртæй иу. Сæйраг нысан у нæ хъæбатырты тыххæй намыс бахъахъхъæнын.
