филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

19:27 четверг, 10 июля 2025
10 июня 2014, 12:28
Нуазыны дон у сыгъдæг

Æрæджы адæмы `хсæн ахæлиу ахæм ныхас – Терчы æмæ нуазыны доны фæзынд тарнизы микобактеритæ. Æмæ дзы аххосджын у тарнизы республикон диспансер. Ацы дзæбæхгæнæн

Нуазыны дон у сыгъдæг
Æрæджы адæмы `хсæн ахæлиу ахæм ныхас – Терчы æмæ нуазыны доны фæзынд тарнизы микобактеритæ. Æмæ дзы аххосджын у тарнизы республикон диспансер. Ацы дзæбæхгæнæн куыстуаты хъуыддаг æмбарын кæнынц афтæ: махæй Теркмæ цы дон кæлы, уый сыгъдæг кæнæм сæрмагонд нырыккон системæйы руаджы.

Тарнизы республикон диспансеры сæйраг дохтыр Малиты Батырбег æмбарын кæны – рынчындонæй рауадзыны размæ доныл сæрмагондæй бакусынц. Нырыккон сыгъдæггæнæнтæ ам æвæрд æрцыдысты 1 азы размæ. Сæрмагонд системæйы электрон тыхы руаджы арæзт æрцæуы натрийы гипохлорит. Уый фæстæ йæ схæццæ кæнынц, рынчындонæй цы дон цæуы, уыимæ æмæ афтæмæй тæрнизы микобактеритæ амæлынц. Ахæм тыхджын сыгъдæггæнæн системæ нæй Цæгат Кавказы æмæ Хуссар Федералон зылдты субъектты.

Иртæстытæ арæзт цæуынц сæрмагонд анализаторы руаджы. Фæстаг 5 азы дæргъы доны ис, микробтæ цас æмбæлы, уыцы бæрæггæнæнтæй 10 хатты къадæр, зæгъынц специалисттæ.

Малиты Батырбег куыд зæгъы, афтæмæй республикон диспансеры аххосæй тарнизы микобактеритæ Терчы донмæ ницы хуызы бахаудзысты, уымæй уæлдай та нуазыны донмæ. Уыцы хъуыддаг хъæдтыхæй зæгъынц Уæрæсейы фæлхасгæнджыты бартæ хъахъхъæнæг управленийы специалисттæ дæр.

Отараты Нелли, Уæрæсейы фæлхасгæнджыты бартæ хъахъхъæнæг цæгатирыстойнаг управленийы эпидемиологон цæстдарды хайады хицау: «Ныридæгæн мæ бон зæгъын у, цæрджытæ цы нуазыны донæй пайда кæнынц, уый хæрхъæддзинад зæрдæхсаинаг нæу. Гигиенæ æмæ эпидемиологийы центры лабораторийы кæнæм алыхуызон иртæстытæ. Æрвылбон дæр исæм дон се ппæт гуырæнтæй дæр, æмæ уымæ гæсгæ адæмы тыхсын нæ хъæуы».

Управленийы ма фæнысан кодтой – республикæйы тарнизы уавæр æвзæрырдæм кæй нæ аивта. Статистикæйы бæрæггæнæнтæм гæсгæ фаронимæ абаргæйæ фæстаг 5 мæймæ тарнизæй чи фæрынчын, уыцы адæмы нымæц фæкъаддæр.

Гугкаты Иринæ

темæмæ гæсгæ
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania