филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

18:19 суббота, 31 января 2026
10 сентября 2025, 10:33
Нузалы райдыдтой рацарæзты куыстытæ кæнын

Федералон нысаниуæг кæмæн ис, уыцы культурон объектæн хъæуы йæ къултæ бахъахъхъæнын

Нузалы райдыдтой рацарæзты куыстытæ кæнын. Федералон нысаниуæг кæмæн ис, уыцы культурон объектæн хъæуы йæ къултæ бахъахъхъæнын. Куыстытæ кæны уæлдæр категроийы нывгæнæг-реставратор Ольга Соколова. Нузалы аргъуан у Уæрæсейы территорийы чырыстон дины рагондæр сыгъдæг бынæттæй иу. Астæуккаг æнусты аргъуан баст у адæмон традицитимæ æмæ легендарон Ос-Бæгъатыримæ. Уый сси æцæг историон адæймаг – Аланийы фæстаг зындонгд паддзахы фольклорон сурæт. Ос-Бæгъатыр уыд зындгонд паддзахадон архайæг, æмæ тырныдта алайнаг паддзахад сног кæнынмæ. Нузалы аргъуан арæзт æрцыд Цæразонты астæуккаг æнусты уæлмæрдты территорийы. Ныгæд дзы æрцыд зындгонд разамонæг. Фæмард 1306-æм азы. Аргъуаны ном дунейы айхъуыст йæ фрескæты нывæфтыдтæй. Скодта сæ алайнаг дзуæртты нывтæ фыссæг Вола Тлиаг.

 

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania