филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

23:53 четверг, 10 июля 2025
10 июня 2014, 12:57
Ныфсхаст æмæ рæстаг хъæбатыр Багаты Сослан

Ныфсхаст æмæ рæстаг. Ахæм миниуджытæй хайджын у Багаты Сослан. Æдзухдæр адæмы хъуыддæгтæ йæхиуонтæй бæрзонддæр æвæры. Бирæ зындзинæдтæ бавзæрста мидхъуыддæгты

Ныфсхаст æмæ рæстаг. Ахæм миниуджытæй хайджын у Багаты Сослан. Æдзухдæр адæмы хъуыддæгтæ йæхиуонтæй бæрзонддæр æвæры. Бирæ зындзинæдтæ бавзæрста мидхъуыддæгты оргæнты кусгæйæ дæр, царды дæр. Фæлæ фæсмон ницæуыл кæны.

Йе `фсæддон хæлæрттимæ мидхъуыддæгты министрадæй Багаты Сослан 3 азы йеддæмæ нæ службæ кодта. Сæрмагонд ротæмæ кусынмæ Сослан бацыд æфсады службæйы фæстæ – 1994-æм азы. 97-æм азы апрелы æбæрæг адæм уацары æрцахстой 6 адæймаджы. Сослан архайдта уыдоны уæгъд кæныны операцийы. Йæ хæс хистæр сержант сæххæст кодта. Фæлæ уæззау цæф фæцис. Ууыл йе `фсæддон карьерæ фæцис. 24-аздзыдæй Сослан пенсимæ рацыдис. Фæлæ та 2010-æм азы бахауд уæззау уавæры. Дзæуджыхъæуы Мæскуыйаг уынджы хæдзæрттæй иуы кæрты нозтджын нæлгоймаг адæмы гранатæйæ тæрсын кодта. Сослан дæр уыцы бынаты разынд. Бирæ нæ хъуыдыгæнгæйæ, рæмудзæн йæхицæй бамбæрста. Афтæмæй бахъахъхъæдта æртын адæймаджы царды.

Багаты Сослан: «Уыцы рæстæг мæхиуыл нæ хъуыды кодтон, адæм уыд мæ фарсмæ. Æз æй зыдтон, уыцы гранатæ куы схæцыдаид, уæд цы зиан æрхастаид, æмæ мæ бон цы уыдис, уый скодтон».

Уыцы цауы фæстæ Сосланæн йæ къух ампутаци скодтой, хъыгдард баййæфта йæ къах дæр. Йæ хъæбатырдзинады тыххæй хорзæхгонд æрцыд Лæгдзинады 2 орденæй. Сослан куыд зæгъы, афтæмæй фæсмон ницæуыл кæны. Абон кæны ахадгæ æхсæнадон куыст. У хæрзаудæн фонд «Право на жизнь»-ы президент.

Багаты Сослан: «2 азы размæ байгом кодтам фонд. Æххуыс кæнæм инвалидтæн æмæ ветерантæн. Нырма нæ къухы бирæ нæ бафтыд. Фæкæнæм консультацитæ. Нæ бон цы у, уый кæнæм. Дарддæр архайдзыстæм, æмæ æххуыс кæндзыстæм ветерантæн æмæ инвалидтæн».

Сослан йæ бинойнагимæ хъомыл кæны 2 фырты. Уыдонæн у дæнцæг, сæрыстыр дзы сты. Йæ хистæр фырт Сæрмæт фæнд кæны йæ фыды бæллиц сæххæст кæнын – æфсæддон суæвын. Ныртæккæ скъола каст фæвæййы, ахуырмæ бацæуынмæ хъавы æдасдзинады федералон службæйы институтмæ.

Хъайтмазты Дзерассæ

темæмæ гæсгæ
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania