филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

14:52 вторник, 16 декабря 2025
31 марта 2014, 11:24
«Ныфсы мæсыг» Ирон театры сценæйы. Царды æппæтæй ахсджиагдæр хъуыддагыл чи дзуры, ахæм спектакль федтой театрдзаутæ

Спектакль аивадуарзджытæн балæвар кодта режиссер Сæлбиты Аким. Архайдой дзы республикæйы зындгонд æмæ уарзон актертæ.

«Ныфсы мæсыг» Ирон театры сценæйы. Царды æппæтæй ахсджиагдæр хъуыддагыл чи дзуры, ахæм спектакль федтой театрдзаутæ
Спектакль аивадуарзджытæн балæвар кодта режиссер Сæлбиты Аким. Архайдой дзы республикæйы зындгонд æмæ уарзон актертæ.

Цардæй ист хуымæтæг сюжет – ацæргæ адæмы хъысмæт. Франтишек Абель цæры йæ фырты фырт Павелимæ. Лæппуйæн йæ ныййарджытæ фæмард сты æмæ йæ йæ дада иунæгæй схъомыл кодта. Зæронд лæгмæ алы майрæмбон дæр æрбацæуынц йæ `рдхæрдтæ зæрæдты хæдзарæй. Се `ппæтæн дæр сæ уыцы фембæлдтытæ дæттынц царды ныфс.

Гуыбиаты Хъазыбег, Ирон академион театры аивадон разамонæг: «Ацы пьесæйы миддунейы цы ис, уый ирон адæмы мидунейæн хæстæг у. Нæ хистæр фæлтæрмæ махмæ ис уарзондзинад, æмæ пьесæ та уый тыххæй у. Хистæр фæлтæр иунæгæй куыд баххайынц, æмæ кæрæдзийы хынцгæйæ, кæрæдзиуыл ауæрдгæйæ куыд цæрынц æмæ сæ цард дарддæр куыд кæнынц, уый».

Словакаг драматург Освальд Заградникы пьесæ «Соло для часов с боем» ирон æвзагмæ ратæлмац кодта Цæгат Ирыстоны сгуыхт артист Айларты Асæхмæт. Ирон театры сценæйы спектакль «Ныфсы мæсыг» сæвæрдта Уæрæсейы аивæдты сгуыхт кусæг Сæлбиты Аким. Куыд зæгъы, афтæмæй хъуамæ адæм ацы спектакль фенгæйæ ахъуыды кæной, царды ахсджиаг цы у, ууыл.

Салбиты Аким, Уæрæсейы аивæдты сгуыхт кусæг: «Йæ сæйраг хъуыды у, цардæн йæ мидис. Цæмæн райгуырыадæймаг æмæ цæмæн æрбацæуы ацы цардмæ, æмæ дарддæр кæдæм фæцæуы, мах ыл нæ фæхъуыды кæнæм, фæлæ йыл нæ бæсты цард йæхæдæг хъуыды кæны. Æмæ цардæн райдайæн кæй ис, уый хорз у, фæлæ йын кæрон дæр кæй ис, уый дæр афтæ у».

Бекмæрзты Æхсарбег, Хъабанты Тамарæ, Айларты Асæхмæт, Дзытиаты Лактемыр, Бытъæты Роберт. Республикæйы зындгонд æмæ уарзон актертæ спектаклы сурæттæ сарæзтой ирд æмæ зæрдæмæдзæугæ. Алы хъайтарæн дæр раргом котой йæ миддуне.

Бытъæты Роберт, РЦИ-Аланийы адæмон артист: «Йæ сывæллæттæй афтæ зæгъы, æз ма мæ цоты кæд федтон 5 азы размæ, сæрды, зæрæдты хæдзары цæргæйæ йæм йæ цот цæугæ дæр нал кæнынц, æмæ æз цы сурæт кæнын, уымæ кæд кæса мæнæ мæн хуызон зæронд лæг, æмæ дзы йæхи куы фена, уæд мæ бамбардзæн».

Спектаклы сæйраг хæйттæй иу у – Павел æмæ Даша сæ цард баиу кæнын фæнд кæй скодтой, уый. Фæлæ сын ам ис иу лыггæнинаг фарста. Кæм цæрой, уый сын нæй.

Афтæмæй спектаклæн раргом йæ сæйраг хъуыды. Кæддæр йæ цард кæмæн снывонд кодта зæронд Пан Абель, йæ уыцы хъæбулы хъæбулы ныр нал хъæуы. Уарзæтты спектаклы ахъазыдысты Бæцæзаты Индирæ æмæ Сыкъаты Марат.

Сыкъаты Марат, Ирон академион театры актер: «Адæймаг йæ зæрдæйы уылты куы ауадзы уыцы хъуыдытæ, уыцы хабæрттæ, уæд адæймагæн у тынг зын. Кæй зыгъын æй хъæуы, абон æй æвæргæ дæр уый тыххæй скодтам, æмæ канд Ирыстоны нæ, фæлæ æнæхъæн Уæрæсейы дæр ис ахæм хабæрттæ».

Хуымæтæг истори сæнкъуысын кодта аивадурзджыты зæрдæтæ. Æвæццæгæн, æмæ спектаклы аивадон къорд йæ размæ цы стыр нысан сæвæрдта, уый сæххæст кæнын бантыст. Премьерæ рауадис тынг хорз. Уымæн æвдисæн уыди аивадуарзджыты тыхджын къухæмдзæгъд.

Гугкаты Иринæ

темæмæ гæсгæ
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania