филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

16:21 понедельник, 15 декабря 2025
29 января 2013, 18:04
Ныхас дзы цыд æппæтдунеон конгресс «Ирон адæмы этникон истори æмæ этногенез» саразыныл

Абон ма республикæйы сæргълæууæджы разамындæй арæзт æрцыд æндæр оргкомитеты æмбырд дæр. Ныхас дзы цыд æппæтдунеон конгресс «Ирон адæмы этникон истори æмæ этногенез» саразыныл.

Абон ма республикæйы сæргълæууæджы разамындæй арæзт æрцыд æндæр оргкомитеты æмбырд дæр. Ныхас дзы цыд æппæтдунеон конгресс «Ирон адæмы этникон истори æмæ этногенез» саразыныл.

Æмбырды архайдтой Дзæуджыхъæуы администрацйы сæргълæууæг Дзантиаты Сергей, Цæгат Ирыстоны паддзахадон æмæ Хæххон-аграрон университетты ректортæ, наукон æхсæнады уæнгтæ, министрадты æмæ бæрнон куыстуæтты разамонджытæ, Хуссар Ирыстоны минæвæрттæ. Докладимæ раныхас кодта æппæтдунеон æхсæнадон змæлд «Ирыстоны Уæлдæр Советы» координацион советы сæрдар Басаты Барис. Куыд загъта, афтæмæй конгресс райдайдзæн 21-æм майы, æмæ дзы архайдзысты Америкæйы, Францийы, Испанийы, Венгрийы æмæ Уæрæсейы зындгонд историктæ. Бабæрæг кæндзысты Куырттаты ком æмæ Хуссар Ирыстон.

Кæронбæттæны Мамсыраты Таймураз загъта, Конгрессы архайынмæ хъуамæ се *вæрæн кæй бахссой республикæйы фæсивæд дæр. Уымæй дарддæр 15-æм февралмæ хъæуы бацæттæ кæнын бæлвырд пълан, Конгресс æмбæлгæ хуызы арвитынмæ.

Джиоты Мурат, историон наукæты кандидат: «Мах ирон адæмæн ис тынг хъæздыг истории æмæ йыл фылдæр дзурын хъæуы. Хуссар æмæ Цæгат Ирыстоны иумæ арæзт куы æрцæуа ахæм конгресс, уæд уый уыдзæн тынг ахсджиаг хъуыддаг нæ историйы. Уыдис ма ахæм конгресс 1906-æм фæлæ уæдеримæ рацыд бирæ рæстæг æмæ ногæй цы конгресс цæттæ кæнæм уымæн уыдзæн стыр ахадындзинад».

темæмæ гæсгæ
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania