филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

08:51 суббота, 21 сентября 2024
20 ноября 2012, 18:16
Ныхас цыд Цæгат Ирыстоны ахуыргæнджыты зонындзинæдтæ фылдæргæнæн институты

2012 азы паддзахадон фæлварæнтæ куыд ацыдысты æмæ 2013 азы фылдæр цавæр фарстатæм æркæсын хъæуы – ууыл ныхас цыд Цæгат Ирыстоны ахуыргæнджыты зонындзинæдтæ фылдæргæнæн институты.

2012 азы паддзахадон фæлварæнтæ куыд
ацыдысты æмæ 2013 азы фылдæр цавæр фарстатæм æркæсын хъæуы – ууыл ныхас

цыд Цæгат Ирыстоны ахуыргæнджыты зонындзинæдтæ фылдæргæнæн институты.
Æмбырд арæзт æрцыд ахуырад æмæ наукæйы министрады хъæппæрисæй.

Хуынд æм æрцыдысты Дзæуджыхъæуы æмæ
районты ахуыргæнджытæ, уæлдæр скъолаты минæвæрттæ. Се ппæтæн дæр
цымыдисаг уыд, ивгъуыд азы паддзахадон фæлварæн куыд ацыд, уый базонын.
Фарон æй лæвæрдтой 7 000 скъоладзауæй фылдæр. Æппæтæй арæхдæр æвзарынц
æхсæнадзонынад, истори, биологи, физикæ. Фæлæ, хъыгагæн, 100 баллы 11
адæймаджы йеддæмæ нæ райстой. Ахуыргæнджытæ куыд зæгъынц, афтæмæй,
иумæйаг паддзахадон фæлварæны фæрцы рабæрæг вæййынц скъоладзауты
зонындзинæдтæ æмæ ахуыргæнджыты цæттæдзинад дæр. Сæйрагдæр та къордтæ
куыд бацæттæ кæнынц сæрмагонд кусæн æрмæджытæ, куыд бахæццæ кæнынц
бæлвырд информаци. Хорз ногдзинадыл банымайæн ис уый, æмæ ныр фæлварæнты
тыххæй алцыдæр базонæн ис сайт «Портал ЕГЭ 15»-ы. Уымæй уæлдай ма 2013
азы ивд æрцæудзæн, фæлварæн раттынæн цас рæстæг лæвæрд цæуы, уый.
Зæгъæм, уырыссаг æвзаг раттыны рæстæг фæфылдæр уыдзæн 30 минуты æмæ
уыдзæн 210 минуты, математикæйæ фæлварæн та цæудзæн 235 минуты.

Гозымты Роман, Алагиры районы ахуырады
управленийы хицау: «Бирæ проблемæтæ вæййы, сывæллон фæлварæнмæ куы
æрбацæуы, уæд. Фыццаджыдæр психологон. Ома, сывæллон йæ бæрæггæнæтæй
хъуамæ равдиса, скъола дæр куыд фæци, уый. Стæй уæлдæр скъоламæ бацæуыны
аккаг у, æви нæ, уый дæр. Уый та тынг зын у. хъыгагæн, ныййарджытæ ууыл
хъуыды кæнын райдайынц æрмæстдæр фæстаг мæйты дæр нæ, фæлæ мæй. Мах та
хъæуы ууыл, афæдзы дæргъы хъуыды кæнын. Æмæ мæнæ ахæм æмбырдтæ кæй
аразæм, уый дæр ахъаз у уымæн æмæ сæвæллæттæ рагацау куыд цæттæ кæнæм
фæлварæнтæм. Цæмæй та тæрсой æмæ уæндон уой. Цæмæй сæ зонындзинæдтæ
æвдисой хуыздæрæй хуыздæр».

темæмæ гæсгæ
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania