филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

12:38 суббота, 31 мая 2025
28 декабря 2023, 11:35
Ныййарæг мад, нана æмæ хорз ахуыргæнæг – Цгъойты Лизæ скъолайы кусы 43 азы

Уыцы рæстæгмæ йæ къухтæй ацыдысты бирæ адæм

Уæлдæр категорийы, 2000-æм азы хуыздæр ахуыргæнæг, стæй дæнцæгæн хæссинаг æфсин. Ацы ныхæсты аккаг у нæ дарддæры æрмæджы хъайтар – Цгъойты Лизæ. Сылгоймаг йæ уды хъарм лæвар кæны йæ бинонтæн, стæй йæ ахуырдзаутæн. Сæ сабибонтæй фæстæмæ сæ зонгæ кæны ирон æгъдæуттимæ. Лизæимæ фембæлд нæ уацхæссæг Тъехты Элинæ дæр æмæ йын бакæсæм йæ сюжетмæ.

Ныййарæг мад, нана æмæ хорз ахуыргæнæг. Цгъойты Лизæ скъолайы кусы 43 азы. Уыцы рæстæгмæ йæ къухтæй ацыдысты бирæ адæм. Уæдæ фæлтæрдджын ахуыргæнæгæй уæлдай ма у хорз хæдзары фсин дæр. Кæй зæгъын æй хъæуы, æппæт Ирыстоны цæрджытæ Ног азмæ куыд æнхъæлмæ ксынц, афтæ ахсджиаг бæрæгбон у Лизæйæн дæр.

Æмæ уыцы бæрæгбонмæ бæстонæй цæттæ кæны куыд скъолайы йæ ахуырдзаутимæ, афтæ хæдзары йæ цоты цотимæ дæр.

Ирон адæмы хсæн баззад ахæм хъуыды, ома Ног азы хсæвы фæстæ цы бон ралæууы, уыцы бон дæ хæдзармæ хорз къахимæ адæймаг фыццаг куы бахиза, уæд æнæхъæн афæдз дæр дæ хæдзары уыдзæн бæркад. Уыцы æгъдау кодтой Лизæйы райгуырæн Кæрдзыныхъæуы дæр.

Цгъойты Лизæ, уæлдæр категорийы ахуыргæнæг: «Чи мæм æрбацæуы, ууыл тынг бацин кæнын. Афтæ мæм фæкæсы, цыма мæм хорз зæрдæйы ахастимæ æрбацыд. Кæд бакусæм, уæд нæм афæдз уыдзæн хор. Кæд нæ, уæд та нæм ницы уыдзæн. Кæйдæр къах уым цы аххосджын У? Æз афтæ хъуыды кæнын».

Ног аз цæмæй хъæздыг æмæ бæркадджын аз уа, уый тыххæй йæ хъæуы хорз суазæг кæнын. Бæрæгбоны фынгыл сæйраг бынат ахсынц 3 чъирийы æмæ бæгæны. Уый фæстæ та, фæззæджы цы тыллæг æркарстой, уыдон.

Цгъойты Лизæ, Уæлдæр категорийы ахуыргæнæг: «Афæдзмæ цыдæриддæр бакуыстам нæ цæхæрадоны, цы мæргътыл фæфыдæбон кодтам, уыдон нæ бавгъау кæнæм.

Адæймаджы хæларзæрдæйы ахаст æнцонæй бамбарæн ис. Фæлмæн зæрдæйы хицау куы уа, уæд тæригъæд кæндзæн æмæ хъахъхъæндзæн, йæ алыварс цы мæргътæ æмæ æрдз ис, уыдоны. Афтæ Лизæ дæр.

Уæдæ æрдзæн пайдайаг цы у, ууыл дзуры канд йæ цоты цотæн нæ, фæлæ ма йæ хъомылгæнинæгтæн дæр. Цы бирæ фæлтæр ацыдысты йæ къухтæй, уыдон иууылдæр аргъ кæнын зонынц сæ алфæмблайæн. Урочыты рæстæг дæр афтæ нæма уыд, цæмæй Лизæ ахуыргæнæн æрмæгæй дарддæр ма хъомыладон куыст ма бакæна сывæллæттимæ.

Ног аз у диссаджы афон. Адæм æм стырæй – чысылæй фенхъæлмæ кæсынц. Æмæ мах дæр нæ зæрдæ дарæм, ивгъуыд азæй хуыздæр кæй уыдзæн, ууыл.

темæмæ гæсгæ
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania