филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

13:39 суббота, 31 января 2026
26 декабря 2025, 11:22
Нымад бонтæ ма баззад се ппæтæн уарзондæр бæрæгбон – Ног азмæ

Уæлдай тынгдæр та йæм фенхъæлмæ кæсынц сывæллæттæ

Нымад бонтæ ма баззад се ппæтæн уарзондæр бæрæгбон – Ног азмæ. Уæлдай тынгдæр та йæм фенхъæлмæ кæсынц сывæллæттæ. Беслæны арæзт æрцыд æцæг бæрæгбон. Байгом дзы кодтой горæты сæйраг заз бæлас. Ирд программæ фенынмæ адæм æрбацыдысты æнæхъæн бинонтæй. Сæ зæрдæтæ сын барухс кодтой Митын Дада æмæ Митын Чызг. Чехойты Фатимæ радзурдзæн бæстондæр.

Кæд уазал у, уæддæр Беслæны сæдæгай адæм сæмбырд сты хъæрмуд, бинонты бæрæгбонмæ – горæты сæйраг заз бæлас байгом кæнынмæ. Мадзал райдыдта сывæллæтты программæйæ. Беслæны чысыл цæрджыты ирхæфстой аргъæутты персонажтæ. Уалынмæ фæзындысты Митын Дада æмæ Митын чызг. Уыдон систы бæрæгбоны сæйраг хъайтартæ. Беслæны цæрджытимæ ссыгътой сæйраг заз бæласы рухсытæ, лæмбынæг хъуыстой сывæллæттæ æмдзæвгæтæ куыд дзурынц, уымæ. Мадзал саразджытæ алы аз дæр барухс кæнынц адæмы зæрдæтæ ног æрхъуыдыдзинæдтæй. Ацы хатт уазджытæн бацæттæ кодтой бæрæгбоны фынг – чъиритæ, адджын гуылтæ æмæ цай.

Бæрæгбонмæ æнхъæлмæ каст алчидæр. Цæрджытæ цыдысты æнæхъæн бинонтæй, иумæ сæйраг заз бæласы рæсугъддзинадыл бацин кæнынмæ. Мадзал беслæйнæгтæн балæвар кодта ирд æнкъарæнтæ.

Зæрдæрухсæй баззадысты уазджытæ æмæ мадзал саразджытæ. Аниматортæ сæйраг хæрзиуæгыл банымадтой сывæллæтты хъæлдзæгдзинад. Аргъæутты хъайтартæй иу дæр æнæ *рхъуыдыйæ нæ баззад – алкæмæндæр сæ загъд уыдысты арфæйы ныхæстæ. Сæхицæн та ахæм бæрæгбон саразын у æхсызгон хъуыддаг.

Мадзал фæцис стыр концертæй, цæрджытæн балæвар кодта æхсызгондзинад. Сси бæрæгбоны æнкъарæнтæ хæссæг æмæ иудзинад æвдисæг.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania