филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

16:26 суббота, 31 января 2026
07 ноября 2023, 11:20
Нымæцон рæзты комитеты сæрдар Гахаты Даниил сарæзтой пресс-конференци

Профилон куыстуаты разамонæг бæстонæй радзырдта ацы къабазы æнтыстджын куысты тыххæй

Нымæцон хуыз, ног технологитæ царды рауадзын, айти-дæсныйады ахадындзинад. Ацы æмæ æндæр темæтыл журналисттимæ æрдзырдта республикæйы нымæцон рæзты комитеты сæрдар Гахаты Даниил. Пресс-конференцийы уыдис алывæрсыг фæрстытæ. Профилон куыстуаты разамонæг бæстонæй радзырдта ацы къабазы æнтыстджын куысты тыххæй. Уæлдайдæр та хохаг хъæуты цæрджыты интернетæй ифтонг кæнын тыххæй. Куыд загъта, афтæмæй ацы фарстайы размæ зынгæ къахдзæф акодтой, ис сæм хорз бæрæггæнæнтæ. Иннæ аз бындурон станцæтæ фæзындзысты Хохы Санибайы æмæ Махческы. Абоны онг Комитеты фыццаградон хæстæй иу у фæсарæйнаг кусæнгæрзтæ бынæттонтыл баивын.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania