09 января 2014, 11:26
Ныр æртыккаг хатт Дзæуджыхъæуы æмæ Алайнаг епархийы арæзт æрцыд цыппурсы бæрæгбон «Архиепископы заз бæлас»
Цæудзæн цалдæр боны. Хуынд æм сты 700 сывæллоны, се хсæн сывæллæтты хæдзæртты æмæ дины скъолаты хъомылгæнинæгтæ. Уырыссаг театры артисте æмæ сын чырыстон гимназы
Цæудзæн цалдæр боны. Хуынд æм сты 700 сывæллоны, се хсæн сывæллæтты хæдзæртты æмæ дины скъолаты хъомылгæнинæгтæ. Уырыссаг театры артисте æмæ сын чырыстон гимназы хъомылгæнинæгтæ бацæттæ кодтой Чырыстийы райгуырды тыххæй инсценировкæ.
Аргъуаны кусджыты ныхæстæм гæсгæ цыппурсы бæрæгбонæн стыр нысаниуæг ис. Чырыстийы фæзынд бирæтæн у чырыстон дины домæнтæ æмæ Хуыцауы фæдзæхстытæ æххæст кæныны ныстуан. Бæрæгбоны сывæллæттæ кæй фæархайынц, уый хорз у. Гыццылæй фæстæмæ сæ ахуыр кæнынц æмæ сæ æххæст кæнынц сæ царды.
темæмæ гæсгæ




